филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:32 воскресенье, 29 сентября 2024
16 января 2013, 11:25
Æрæфы районы кæронмæ фæхæццæ кæны арæндоны цалцæг

Æрæфы районы сывæрджын сылгоймæгтыл сæмбæлдзæн хорз хабæр. Цыбыр рæстæгмæ байгом уыдзæн, афæдзмæ хæстæг цы арæндон нæ куыста, уый.

Æрæфы районы сывæрджын сылгоймæгтыл сæмбæлдзæн хорз хабæр. Цыбыр рæстæгмæ байгом уыдзæн, афæдзмæ хæстæг цы арæндон нæ куыста, уый. Йæ санитарон уавæр заууатмæ кæй æрцыди, уый тыххæй йæ сæхгæдтой. Йæ бындурон цалцæгмæ йын рагæй æнхъæлмæ кастысты.

Æрæфы районы рынчындон куы арæзтой, уæд æрмæстдæр хъуыды кодтой адæмы æнцойдзинадыл, рынчынæн афойнадыл баххуыс кæныныл. йæ арæндоны нысаниуæг дæр уыд уый, фæлæ афæдзæй фылдæр дзы сывæллоны хъæлæс нæма айхъуыст. Аххоссæгтæ иу æмæ дыууæ не сты.

Ацы кадртæ систам сентябры. Арæндоны хайады кусджыты уырнгæ дæр нæ кодта, цыбыр рæстæгмæ æмбæлгæ уагыл кæй сцалцæг кæндзысты арæндон, уый. Раздæр-иу цалцæггæнæн куыстытæ цыдысты къуылымпытимæ. Ныр дзы мæймæ цы ивддзинæдтæ *рцыд, уыдонæй дохтырты зæрдæтæ райынц.

Елойты Ирæ, Æрæфы районы рынчындоны сæйраг дохтыр: «Æнæхъæртон хъуыддæгтæ нæм тынг бирæ уыд. Нæ авналæнтæ нал бæззæдысты. Иу мæйæй иннæмæ æнхъæлмæ кастыстæм цалцæгмæ. Æнхъæлдцау сылгоймæгтæ дæр æрбацæуынц æмæ бафæрсынц кæд байгомуыдзæн хайад, ууыл».

Санитарон домæнтæм гæсгæ хъуамæ арæндоны къултæ пластикæй конд ма уой, бирæ азты та уыцы фæтк хæлд цыд. Нæ дзы хъарм дон уыд, нæдæр æндæр гæнæнтæ. Æмæ-иу æнхъæлцау сылгоймæгты хъуыди æндæр ранмæ цæуын. Ныр куыстыты хæрзхъæддзинадмæ йæ цæст дары районы сæргълæууæг.

Бекмæрзты Валерий, Æрæфы районы сæргълæууæг: «Фыццаджыдæр адæймаг фæхъуыды кæны кæстæртыл. Уыдонæн хъуамæ уа æппæт уавæртæ дæр. Се ` нæниздзинадмæ афойнадыл каст куы цæуа, уæд фидæны, тыхджындæр уыдзысты. Районы бирæ лыггæнинаг фарстатæ ис, куыд æнæниздзинады къабазы, афтæ иннæ ранты дæр. Фæрæзтæ агурæм æмæ сæ сраст кæныныл кусæм».

Арæндон кæдæй нæ кусын, уæдæй йæ дохтыртæ æгуыстæй бадынц. Хъуамæ дзы цы 240 сывæллоны райгуырдаид, уыдон та фæзындысты республикæйы æндæр арæндæтты.

Саккаты Аллæ, Æрæфы районы рынчындоны дзæбæхгæнæн хайады сæйраг дохтыр: «Æрæфы районы сæйраг рынчындоны арæндоны хайад уæззау уавæрмæ æрцыд. Ныртæккæ йыл кусынц, æмæ йæ мæймæ хъуамæ байгом кæной».

Æппæт хайæдты дæр ивд æрцыдысты коммуникацитæ, хæтæлтæ, хъармгæнæнтæ. Æртын азмæ заууатмæ æрцыдысты. Дохтырты хъуыдымæ гæсгæ, мад æмæ сывæллон арæндонæй æнæнизæй цæмæй рацæуой, уый тыххæй хъуамæ хайад æппæт нырыккон домæнтæн дзуапп дæтта. Уырны сæ, абон сæм цы цæстдард ис, афтæмæй тагъд рæстæг арæн хайад хуыздæрты æмрæнхъ кæй уыдзæн, уый. Рæхджы ма цæхгæр фæхуыздæр уыдзысты районы тагъдæххуысы хайады уавæртæ дæр.

Сосранты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania