филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:30 воскресенье, 29 сентября 2024
17 января 2013, 11:17
Сидзæр сывæллæттæн фатертæ райсыны тыххæй Дзæуджыхъæуы администрацийы кадджын уавæры радтой 46 сертификаты

Сидзæр сывæллæттæн фатертæ райсыны тыххæй Дзæуджыхъæуы администрацийы кадджын уавæры радтой 46 сертификаты. Фаронимæ абаргæйæ уый у æртæ хатты фылдæр. Фатертæ сты æппæтæй дæр цæттæ æмæ уал дзы дæс æмæ ссæдзы æрцæрдзысты.

Сидзæр сывæллæттæн фатертæ райсыны тыххæй Дзæуджыхъæуы администрацийы кадджын уавæры радтой 46 сертификаты. Фаронимæ абаргæйæ уый у æртæ хатты фылдæр. Фатертæ сты æппæтæй дæр цæттæ æмæ уал дзы дæс æмæ ссæдзы æрцæрдзысты. Горæты администрацийæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй ма афæдзы кæронмæ сидзæр сывæллæттæй фатертæ райсдзæн æхсæрдæс адæймаджы.

Ткаченкоты бинонтæн Ангелинæ у æппæты кæстæр сывæллон, йы фыццаг къахдзæфтæ нырма æрæджы акодта, фæлæ бинонты цин уый дæр æнкъары, хистæртимæ æмбырд кæны йæ хъазæнты хызын. Ацы хорзæхмæ йæ сидзæр ныййарджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Ныры онг бинонтæ, Хеди йæ хоимæ, йæ цардæмбал æмæ йæ чысыл сабиимæ цардысты æмдзæрæны.

Ацы хæрæндонæй пайда кæнынц 7 бинойнаджы æмæ дзы алкæмæн дæр ис йæхи стъол, 2 къустæхсæны, пец. Æмæ кæй зæхынæй хъæуы изæры сеппæт бинонтæ иу куы рацыдысты уæд нын бынат нæ фаг кодта. Ныр та нын уыдзæн нæхи фате рæмæ нæ цинæн кæрондæр нæй.

Ног фатеры гæххæттытæ æмæ дæгъæлтæ Ткаченкоты æмæ ма 29 бинойнтæ райстой кадджын уавæры горæты администрацийы. Ахæм цау сеппæтæн дæр уыд тынг æхсызгон æмæ æрбацыдысты æнæхъæн бинонтæй. (20:49) Царахаты Батрадзæн та у дывæр бæрæгбон. Ацы бон ыл сæххæст 25 азы.

Царахаты Батрадз, Ног фатеры хицау: «9 азы фатермæ æнхъæлмæ кæсæм æмæ абон æрбацыдыстæм æмæ нын ратдзысты фатер. Сæ цæрæнбон бирæ уæт».

Фатерты дæгъæлтæ радтой 30 бинонтæн, афæдзмæ ма 16 бинонтæ суыдзысты ног фатеры хицæуттæ. Ацы программæ сæххæст кæнынæн федералон бюджетæй радих кодтой 16 милуан сомæй фылдæр. 50 та республикон бюджетæй.

Куыд цæрынц зæгъæм Ткаченкоты бинонтæ сæ ног фатеры, уый базоныны фæдыл сæ республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз уыд уазæгуаты. Æрбацыд сæм лæвæрттимæ. Бинотимæ сын рауад зæрдæбын æмæ хъæрмуд ныхас.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania