филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:31 воскресенье, 29 сентября 2024
17 января 2013, 17:19
Абон уыд республикæйы Парламенты Советы æмбырд

Амыдта йæ Алексей Мачнев. Депутаттæ æркастысты Паддзахадон Думæйы ног закъоны проектмæ. Баст у фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнынимæ. Æдæппæтæй боны фæткмæ рахастой 57 фарстайы.

Амыдта йæ Алексей Мачнев. Депутаттæ æркастысты Паддзахадон Думæйы ног закъоны проектмæ. Баст у фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнынимæ. Æдæппæтæй боны фæткмæ рахастой 57 фарстайы.

Совет æркаст республикон закъонтæм ивддзинæдтæ бахæссыны фарстатæм. Уыдонмæ гæсгæ, республикæйы Сæргълæууæг æмæ йæ бинонтæ, стæй Хицауады уæнгтæ æмæ паддзахадон граждайнаг службæйы кусджытæ хъуамæ дзуапп дæттой, канд сæ æфтиæгты тыххæй нæ, фæлæ ма сæ хæрдзты тыххæй дæр.

Æрдзырдтой, Паддзахадон Думæйæ æмæ æндæр субъекттæй цы закъонадон хъæппæристæ æрбацыд, уыдоныл. Сразы сты бюджетон кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл, цæмæй фæхуыздæр уа бынæттон хиуынаффæйады архайд.

Хæдарцаты Аслæнбег, РЦИ-Аланийы Парламенты бюджеты, хъалонты æмæ исбоны комитеты сæрдар: «Ис ахæм ногдзинад, æмæ республикæйы финансты министрады специалисттæн сæ бон уыдзæн районты финансон кусджытимæ баныхас кæнын æмæ сын æххуыс кæнын. Абон бирæ хъæуты компьютертæ нæ фаг кæны, техникæ нæ фаг кæны. Хъæуы чи цæры, уыдонмæ цæст дарын хъæуы. Æмæ куы нæ зонай сæ финансон уавæр, сæ мулк, куыд кусынц, уæд афтæмæй зын у».

Парламенты сæрдар Алексей Мачнев бахæс кодта уæлдай лæмбынæгдæрæй кæсын экономикон фарстатæм, цæмæй ахъаз уой республикæйы рæзтæн.

Советы уæнгтæ ма æрдзырдтой зæххæй æмæ æрдзон æвæрæнтæй пайда кæныны фарстатыл. Арæзтады домæнтыл дзургæйæ, растыл нымад æрцыд хъуыды, цæмæй, паддзахадон цæстдард цы арæзтадон объекттæм ис, уыдоны номхыгъд фæуæрæхдæр уа.

Гулаты Æхсарбег, РЦИ-Аланийы Парламенты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар: «Ацы закъон йæ тыхы куы бацæуа, уæд 1,2 уæладзыджы кæм ис, уыцы бæстыхæйтты дæр кæндзысты экспертизæ. Бирæ адæм кæм æрæмбырд вæййы – дуканитæ, ресторантæ, офистæ – уыдонæн раздæр экспертизæ нæ уыд. Ныр сæм паддзахад æндæр цæстæй кæсдзæн. Нæ республикæйы дæр, иннæ рæтты дæр ацы закъон ахсджиаг у, уымæн æмæ , кæй куыд фæндыд, афтæ арæзтой. Æмæ кæмдæр уæладзыг архауы, кæм æндæр бæллæх æрцæуы. Æмæ цæмæй æппæт Уæрæсейы ахæм бæллæхтæ мауал цæуа, уый тыххæй хъæуы ацы закъон».

Æркастысты ма фæллой хъахъхъæныны фарстатæм дæр. Уый фæдыл республикон закъонмæ хъуамæ хаст æрцæуой ивддзинæдтæ, æмæ куыстуаты 50 адæймагæй фылдæр куы куса, уæд уый домы, цæмæй дзы конд æрцæуа фæллой хъахъхъæныны сæрмагонд службæ. Ныхас ма цыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты йæ ныййарджытæй исчи тохы быдыры кæмæн фæмард, уыдоны социалон æгъдауæй хъахъхъæныны фарстайыл.

Фæрниаты Мæдинæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania