филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:31 воскресенье, 29 сентября 2024
17 января 2013, 17:27
6 мины 271 закъонхæлды бæрæггонд æрцыд Цæгат Ирыстоны фарон

Уый, 2011-æм азимæ абаргæйæ у 5 æмæ 2% къаддæр. Уый тыххæй мидхъуыддæгты министрады коллегийы æмбырды фехъусын кодта министр Артур Ахметханов.

Уый, 2011-æм азимæ абаргæйæ у 5 æмæ 2% къаддæр. Уый тыххæй мидхъуыддæгты министрады коллегийы æмбырды фехъусын кодта министр Артур Ахметханов. 2012-æм азы æрцыд 46 лæгмарды, 52 фыдракæнды зиан æрхастой адæймаджы æнæниздзинадæн. Пъæлицæйæгтæ ма сбæрæг кодтой, 18 азы кæуыл нæма цæуы, уыцы фæсивæды адæймаджы амарынмæ кæм разæнгард кодтой, ахæм 9 цауы. Мидхъуыддæгты оргæнтæ сбæрæг кодтой, гæртæмттæ дæттыны 39 хъуыддаджы, стæй раиртæстой хæцæнгарзы æнæзакъон зилдухы 372 цауы. Коллегийы куысты архайдта республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Куыд загъта, афтæмæй æмтгæй райсгæйæ, барадхъахъхъæнæг оргæнты архайд ивгъуыд аз æнтыстджын уыд. Фæлæ ма уæддæр ис, лæмбынæгдæр бакусын кæуыл хъæуы, ахæм фарстатæ.

Æхполæтты Аллæ, Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады пресс-службæйы разамонæг: «Зæрдæ тынг рухс кæны, Уæрæсейæ дæр, фæсарæнтæй дæр нæм бирæ адæм цæуын райдыдта. Уый, æвæццæгæн, уымæн у, æмæ нæ кусджытæн сæ бон куыд у, афтæ æхсæвæй-бонæй архайынц, цæмæй сабырдæр уа нæ республикæйы, цæмæй адæм сæ цардæн ма тæрсой. Фарон аз ныл æрцыд стыр бæллæх, нæ кусджытæй иу фæмардис. Йæ риуæй сæхгæдта фæндаг. Йæ мад иунæгæй баззад. Мах уый никуы ферох кæндзыстæм, нæ бон куыд, афтæ йæ фæзмындзстæм».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania