филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:25 воскресенье, 29 сентября 2024
17 января 2013, 17:32
Иван Ярыгины Гран-При рамбулыны æппæтадæмон турнирмæ, Красноярскмæ, не республикæйæ ацæудзæн 16 богалы

Ерысты архайдзысты Европæйы тыхджындæр спортсментæ. Се мрæнхъ гауызмæ рацæудзысты национ иугонд командæты æрыгон хъæбысæйхæцджытæ.

Ерысты архайдзысты Европæйы тыхджындæр спортсментæ. Се мрæнхъ гауызмæ рацæудзысты национ иугонд командæты æрыгон хъæбысæйхæцджытæ. Ацы турнир сын хорз фадат у сæ хъару равдисынæн. Цæгат Ирыстоны командæйы сæйраг тренер Тедеты Марик куыд загъта, афтæмæй ацы турниры не мзæххонтæ 2 сызгъæрин майданы куы рамбулой, уæд уый уыдзæн тынг хорз бæрæггæнæн. Сæ зæрдæ дарынц Кетойты Георгийыл, Кцойты Сосланыл, Бæйцаты Владиславыл æмæ Рубайты Георгийыл. Сæ æнæниздзинадмæ гæсгæ Иван Ярыгины Гран-При рамбулыны ерысты нæ архайдзысты Хъесаты Бæрсæг æмæ Гогаты Алан. Ацы турнирмæ нæ командæ йæхи цæттæ кодта 2 мæйы.
Базраты Эдуард: «Афтæ йæ хонынц; «малый чемпионат мира», уый тыххæй æмæ дзы хæцы тынг тыхджын спортсментæ Америкæ, Украинæ,Турци, Иранæй. Турниры уæлахиздзау архайдзæн Европæйы чемионаты. Æмæ нæ фæнды рамбулын уыцы турнир».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania