филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:17 воскресенье, 29 сентября 2024
21 января 2013, 17:12
Хохаг хъæуты цæрæг адæмы быдыры хъæутæм раивыны тыххæй 5 азы размæ Алагиры районы фидаргонд æрцыд программæ «Цæрæнуат»

Уæд Уæллаг Зджыдæй Алагирмæ ралыгъд 70 бинонтæй фылдæр. Программæ æххæстгонд цæуы дарддæр.

Уæд Уæллаг Зджыдæй Алагирмæ ралыгъд 70 бинонтæй фылдæр. Программæ æххæстгонд цæуы дарддæр.

Годжысаты бинонтæ 73-æм азæй нырмæ цардысты Нузалы. Фæлæ рæстæг куыд цыд, афтæ дыууæуæладзыгон хæдзар цæрынæн нал бæззыд, æдасдзинады домæнтæн дзуапп нал лæвæрдта, æмæ хæдзар хаст æрцыд федералон программæ «Цæрæнуат»-мæ. Бинонтæ цалдæр азы æнхъæлмæ кастысты ног фатерæй сын дæгъæлтæ кæд ратдзысты, уымæ. Рæстæг рацыд æмæ уыцы хорздзинад сæ къухы бафтыд. Ныр дыууæ азы цæрынц Алагиры.

Годжысаты Умар: «Уыцы уавæртимæ ныртæккæйы уавæртæ абарæн нæй. Куы дзы иу дон нæ уыди, куы рухс. Ныртæккæ та ницы хъуаг стæм».

«Хæххон уавæрты цæрын æнцон нæу», – зæгъынц цæрджытæ. Бирæфатерон хæдзары Годжысатæй уæлдай æрцардысты сæ сыхæгтæ дæр Нузалæй, стæй Уæллаг Мызурæй ралидзæг адæм. Федералон программæ «Цæрæнуат» Алагиры районы кусы фондз азы. Уый æххæст кæнгæйæ фыццаг фатертæ райстой Уæллаг Зджыды цæрджытæ. Уæд Алагиры ног цæрæнуæттæ радтой æвдай бинонтæй фылдæрæн.

Районы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй ма ног фатертæ райсдзысты Уæллаг Мызурæй, Нузалæй æмæ Холстæй цалдæр бинонтæ.

Барахъты Артур, Алагиры районы администрацийы сæргълæууæг: «Ахæм куыст цæудзæн дарддæр. Арæзтадтæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Хъæуы ма дзы цыдæр коммуникацитæ скæнын».

Федералон программæ æххæст кæнгæйæ Алигиры куыст цæуы дарддæр. Ныридæгæн хæдзæрттæ райстой 36 – æй. Ацы аз та ма «Северный» микрорайоны ахæм хорзæх æнхъæлмæ кæсы 93 бинонтæм.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania