филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:24 воскресенье, 29 сентября 2024
21 января 2013, 17:18
Дигорайы Цæголты Георгийы номыл музейы арæзт æрцыд бынæттон газеты «Дыгуыры хабæртты» равдыст

«Нæ рагфыдæлтæй абонмæ», ахæм сæргондимæ Дигорайы Цæголты Георгийы номыл музейы арæзт æрцыд бынæттон газеты «Дыгуыры хабæртты» равдыст.

«Нæ рагфыдæлтæй абонмæ», ахæм сæргондимæ Дигорайы Цæголты Георгийы номыл музейы арæзт æрцыд бынæттон газеты «Дыгуыры хабæртты» равдыст.

Журналисттæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты администрацийы разамынд, газеты штатон æмæ æнæштатон уацхæсджытæ, редактортæ. Музейы директор Лолаты Батраз цыбырæй афæлгæст Дыгуыры районы газеты историйыл. Равдыстмæ музейы кусджытæ бацæттæ кодтой цымыдисаг æрмæджытæ æмæ къамтæ. Бирæ азты газет дзуры районы ахсджиаг цаутыл. Бынæттон журналисттæн æххуыс кæнынц районы цæрджытæ, æнæштатон уацхæсджытæ. Æмбырды сын районы администрацийы сæргълæууæджы уынаффæгæнæг Дзагуырты Отарбег раарфæ кодта се *нæзæрдæхут фæллойы тыххæй æмæ кады гæххæттытæ радта коллективы разамындæн, стæй йæ хуыздæр кусджытæн.

Нигколты Риммæ, Æнæштатон уацхæссæг: «Ныр дæр мæ сæры бирæ дзырдтæ æвæрд ис. Æмæ фыссын. Фыссын газеттæ «Дигорæ», «Рæстдзинадмæ», «Осетимæ» æмæ мын алы ран дæр арфæ кæнынц».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania