филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:24 воскресенье, 29 сентября 2024
21 января 2013, 17:19
Æрыдоны кæсагдарæн завод цæугæдæттæм ауагъта æргъай кæсæгтæ, æмæ Теркыл бахæццæ уыдзысты Хъаспийы денджызмæ

Эксперименты хуызы бафæлварынмæ хъавыдысты сырх кæсаджы хуызтæ дæр ауадзын. Фæлæ дон æгæр уазал кæй уыди, уый тыххæй сын нæ бантыст.

Эксперименты хуызы бафæлварынмæ хъавыдысты сырх кæсаджы хуызтæ дæр ауадзын. Фæлæ дон æгæр уазал кæй уыди, уый тыххæй сын нæ бантыст. Уый хыгъд архайдзысты æндæр кæсæгты хуызтæ ауадзыныл.

Алцыдæр райдайы ам. Фыццджыдæр уал заводы инкубацион цехы равзарынц кæсæгты мыггаг. Фæхицæн сæ кæнынц, цæмæй сыл мацы низ бахæца, уый тыххæй. Уыцы куыст куы нæ бакæной, уæд баззайдзысты æнæ «кæсæгты тыллæгæй», – зæгъынц заводы кусджытæ.

Кæсаджы лæппынтæ 3 граммы онг куы сырæзынц, уæд сæ баппарынц сæрмагонд ащыччыты. Уый фæстæ та бетонæй конд къанаутæм. Иу афæдзмæ æргъай кæсæгтæ хъуамæ ласой 25 граммы. Æмæ сæ уæд ауадзынц цæугæдæттæм. Афтæмæй архайынц ацы кæсæгты хуыз фæфылдæр кæныныл. Æргъай кæсæгты радон парти рауагътой Мæздæджы районы. Ууылты Терчы доныл бахæццæ уыдзысты Хъаспийы онг. Æрыдоны заводы кæсагдарæг Яхья Мамедов нын куыд радзырдта, афтæмæй сæ завод сæйрагдæр кæны æргъай кæсæгты куыст. Уымæй уæлдай эксперименты хуызы бафæлвæрдтой сырх кæсаджы хуызтæ дæр рауадзын. Фæлæ дон æгæр уазал кæй уыди, уый тыххæй сын нæ бантыст. Уый хыгъд архайдзысты æндæр кæсæгты хуызтæ рауадзыныл дæр.

Людмила Амельченко, Æрыдоны кæсагдарæн заводы директоры хæдивæг: «Райстам хъомыл æргъай кæсæгты хъуызтæй иу, æмæ дзы бафæлвардзыстæм скæнын еугæф. Æмæ кæд рауайа, уæд нæ завод кæндзæн канд хъаспийаг аргъай кæсаджы куыст нæ, фæлæ ма уаддзыстæм йæ хуызтæ дæр».

Æрыдоны кæсагдарæн заводы кусджыты сæйраг хæс у – иу азмæ 300 мин кæсаджы хуызтæ уадзын. Уыимæ куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ æндæр регионты дæр. Æмтгæй райсгæйæ, Хъаспийы денджызмæ бахæццæ вæййы кæсагæн йе`æмбис. Иннæ хай та ауадзынц Æрыдоны донмæ, Урухмæ æмæ æндæр цæугæдæттæм. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ нæ республикæйы æргъай кæсæгты куыст кæнынæн ис æппæтæй хуыздæр уавæртæ.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania