филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:23 воскресенье, 17 ноября 2024
22 января 2013, 18:40
Цæгатирыстойнаг сиддон Мæргъиты Сослан тынг уазæлтты æртæ боны фæлæууын кодтой æфсады радхæ ссæг посты

Цæгатирыстойнаг сиддон Мæргъиты Сослан йæ фсæддон хæс æххæст кодта Липецкы. Фæлæ ныр, йе нæниздзинадмæ гæсгæ йæ уавæр куыд уыдзæн, уый бæрæг нæу.

Цæгатирыстойнаг сиддон Мæргъиты Сослан йæ фсæддон хæс æххæст кодта Липецкы. Фæлæ ныр, йе нæниздзинадмæ гæсгæ йæ уавæр куыд уыдзæн, уый бæрæг нæу.

Лæппуйы тынг уазæлтты æртæ боны фæлæууын кодтой æфсады радхæссæг посты. Уый тыххæй хъусын кæны газет «Комсомольская правда». Статьяйы фыст куыд ис, уымæ гæсгæ йын ахæм æфхæрд æрхъуыды кодтой, хивæндæй æфсæддон хайæ рæстæгмæ кæй рацыд, уый тыххæй.

Сосланы мад куыд зæгъы, афтæмæй лæппуйæн ныссалдысты йæ къухтæ æмæ сæ йæ бон змæлын кæнын нæу, хъыгдард баййæфта йæ астæуыстæг дæр. Ныртæккæ ис Мæскуыйы госпитæлы. Тæссаг у, цæрæнбонты инвалидæй куы баззайа, уымæй. Ацы цауы тыххæй нын радзырдта Цæгат Ирыстоны салдæтты ныййарджыты комитеты сæрдар Гогаты Лорæ дæр. Куыд загъта, афтæмæй курдиаттæ арвыстой Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путинмæ æмæ Ростовы æфсæддон хаймæ, цæмæй хъуыддаг равзарой, æмæ алчидæр закъоны цур дзуапп радта, уый тыххæй. Фæлæ уымæй Сосланы мад Анжеликæйæн æнцондæр нæу. Йæ хъуыдытæ æдзух баст сты йæ хъæбулы æнæниздзинадимæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania