филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:26 воскресенье, 29 сентября 2024
23 января 2013, 11:12
Арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны финансон-бюджетон цæстдарды федералон службæйы `хсæнадон Советы æмбырд

Йæ уæнгтæ сты алыхуызон æхсæнадон организациты æмæ партиты минæвæрттæ.
Фыццаджыдæр, ныхас цыд ивгъуыд азы хатдзæгтыл. Фарон службæйы кусджытæ сарæзтой 120 ревизийы.

Йæ уæнгтæ сты алыхуызон æхсæнадон организациты æмæ партиты минæвæрттæ. Фыццаджыдæр, ныхас цыд ивгъуыд азы хатдзæгтыл. Фарон службæйы кусджытæ сарæзтой 120 ревизийы. Уый 2011-м азимæ абаргæйæ, у бирæ къаддæр. Фæлæ, кæй сбæрæг кодтой, уыцы `хцатæ сты фылдæр – 24 миллиард сомы. Куыд раиртæстой, афтæмæй федералон бюджеты фæрæзтæй раст хардзгонд не `рцыдысты 2 миллиарды æмæ 700 милуан сомы. Уый, раздæр азимæ абаргæйæ, у фылдæр. Управленийы разамонæг Баскаты Станислав куыд бафиппайдта, афтæмæй финансон-бюджетон цæстдарды службæйы æхсæнадон советы сæйрагдæр хæс у, республикæйы цæрджыты тынгдæр цавæр фарстатæ тыхсын кæнынц, фылдæр æргом цавæр къабæзтæм здахын хъæуы, уыдон амонын. Бюджетон фæрæзтæм цæст дарыны хъуыддагыл хорзырдæм фæзындзæн, контролон-нымайæг палатæимæ æмгуыстады фæдыл цы бадзырд бафыстой, уый. Финансон-бюджетон цæстдарды службæйы æхсæнадон совет снысан кодта йæ архайды фæтк ацы азæн.

Баскаты Станислав, РЦИ-Аланийы финансон-бюджетон цæстдарды федералон службæйы разамонæг: «Алы хайадæй дæр исæм хуыздæр информаци, куыд лыггонд цæуынц фарстатæ, цæмæй федералон бюджеты æхца, цы хъуыддагæн нысангонд сты, уымæ бахæццæ уой, уый фæдыл. Абоны æмбырды дзурæм, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады фæрæзтæ куыд хардз кæнынц, уымæ цæмæй хуыздæр æркæсæм. Ахсджиагдæр хъуыды та у уый фæдыл, цæмæй хуыздæр кусæм, æмæ нæ нæ куыст адæмы зæрдæмæ цæуа».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania