филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:07 вторник, 16 декабря 2025
24 января 2013, 17:07
Цæгат Ирыстон хаст æрцыд федералон программæ «Уæрæсейы экологон æдасдзинад»- мæ

Ацы ахсджиаг уынаффæ рахастой Федерацийы Советы æмбырды. Мызуры æмæ Фыййагдоны раздæры згъæрыссæн фабрикты хауæтдзæгтæ ныгæд кæм сты, уыцы бынæттæ сты тæссаг æмæ сæ цыфæндыйæ дæр хъæуы ссыгъдæг кæнын.

Ацы ахсджиаг уынаффæ рахастой Федерацийы Советы æмбырды.Мызуры æмæ Фыййагдоны раздæры згъæрыссæн фабрикты хауæтдзæгтæ ныгæд кæм сты, уыцы бынæттæ сты тæссаг æмæ сæ цыфæндыйæ дæр хъæуы ссыгъдæг кæнын. Ис дзы 6 милуаны æмæ рдæг зианхæссæг хауæтдзæгтæ. Дыууæ объекты дæр сты хæххон цæугæдæтты донвæдты цур. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ тæссаг у, уалдзæджы сæ донивылдтыты рæстæг дон йæ разæй куы ахæсса, уымæй. Уый та гæнæн ис, æмæ экологон зындзинæдтæ расайдзæн æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ сыхаг регионты дæр.
Сенатор Хацъæты Олег куыд зæгъы, афтæмæй дзы æнæ федералон æххуысæй ницы рауайдзæн.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania