филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:08 вторник, 16 декабря 2025
24 января 2013, 17:11
Республикон закъонты проекттæм, стæй Паддзахадон Думæйæ æмæ Уæрæсейы æндæр субъекттæй цы закъонадон хъæппæристæ æрбацыд, уыдонмæ æркастысты Парламенты æмбырды

Парламенты Совет абон æркаст республикон закъонты проекттæм, стæй Паддзахадон Думæйæ æмæ Уæрæсейы æндæр субъекттæй цы закъонадон хъæппæристæ æрбацыд, уыдонмæ. Æмбырд амыдта Парламенты сæрдар Алексей Мачнев.

Парламенты Совет абон æркаст республикон закъонты проекттæм, стæй Паддзахадон Думæйæ æмæ Уæрæсейы æндæр субъекттæй цы закъонадон хъæппæристæ æрбацыд, уыдонмæ. Æмбырд амыдта Парламенты сæрдар Алексей Мачнев.
    
Æрдзырдтой «Республикæйы Сæргълæууæджы тыххæй», «Республикæйы Хицауады тыххæй», стæй «Паддзахадон граждайнаг службæйы тыххæй» закъонтæм ивддзинæдтæ бахæссыныл. Совет сразы «Æфсæддон хæс æмæ æфсæддон службæйы» тыххæй федералон закъоны 24-æм статья аивыныл, цæмæй уæлдæр ахуырады студентты æфсадмæ 20-аздзыдæй ма кæной, фæлæ сын бар уа ахуыр фæуынæн. Растыл ма нымад æрцыд закъоны проект, хъæууонхæдзарадон куыстуæттæн финансон æххуысæн сæ хæстæ фидыны æмгъуыд фæфылдæр кæныны тыххæй. Æркастысты ма «Энерги фæстауæрц кæныны æмæ дзы ахадгæйæ пайда кæныны» закъоны проектмæ ивддзинæдтæ бахæссынмæ. Хъуамæ арæзт æрцæуа æхцайы фонд, æмæ уый фадат ратдзæн федералон бюджетæй уæлæмхасæн фæрæзтæ æрбаздахынæн, коммуналон инфраструктурæмæ базилынæн. Алексей Мачнев куыд загъта, афтæмæй фылдæр æргом раздахын хъæуы хæтæлты уавæрмæ, уымæн æмæ сæ фылдæр сты тынг зæронд. Энерги фæстауæрц кæныны мадзæлттæ ныридæгæн сты зындгонд.

Уазиты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы артаджы, энергетикæйы æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр: «Нæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад ис тынг æвзæр уавæры. Республикон бюджет æхца радих кодта, фæлæ сты чысыл. Æмæ, абон цы закъонмæ кастыстæм, уый куы рауайа, уæд уæлæмхасæн æхцайы фæрæзтæ æрбафтдзæн федералон бюджетæй. Уыцы æхцайы фæрæзтæ хардзгонд æрцæудзысты дон æмæ газы хæтæлтæм, стæй электрон тых дæттæг телтæм базилынæн. Цыдæриддæр цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарадмæ хауы, уыдоныл уыцы æхца схардз кæнæн ис. Раст зæгъгæйæ, бирæ не сты, фæлæ исты кæндзыстæм республикæйы. Алы районы æмæ министрады дæр ацы аз хъуамæ исты равдисæм».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania