филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:08 вторник, 16 декабря 2025
25 января 2013, 14:08
Дзæуджыхъæуы байгом Цæллагты Пантелейы номарæн фæйнæг

Ауыгъд æрцыд, контр-адмирал кæм цард, уыцы хæдзары къулыл, Кировы уынджы.

Ауыгъд æрцыд, контр-адмирал кæм цард, уыцы хæдзары къулыл, Кировы уынджы. Ныфсхаст æфсæддоны ном æрхъуыды кæнынмæ æрбацыдысты Дзæуджыхъæуы администрацийы, ветеранты Советы, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, скъоладзаутæ æмæ йæ хæстæджытæ. Цæллагты Пантелей архайдта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты йæ райдианæй кæронмæ. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхгонд æрцыд бирæ хæрзиуджытæй. Се *хсæн Сырх тырысайы орден, Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг къæпхæны 2 ордены, Сырх Стъалыйы 3 ордены. Хæсты фæстæ 75-æм азмæ службæ кодта флоты. Уый фæстæ кодта æхсæнадон куыст. 10 азæй фылдæр уыд республикон ДОСААФ-ы сæрдар.

Бедойты Руслан, Уæрæсейы ДОСААФ-ы сæрдары уынаффæгæнæг: «Пантелей æнæхъæн Уæрæсейы æмæ Советон Цæдисы дæр уыд сгуыхт адæймаг. Ирыстоны дæр æй уарзтой, кад ын кодтой. Уымæн æмæ, фыццаджыдæр, йæхæдæг кад кодта йæ бæстæйæн æмæ йæ адæмæн. Хæсты заманы йæхи куыд равдыста, уыцы хъуыддæгты кой абон дæр кодтой. Нæ фæсивæд уый хъуамæ зоной æмæ йæ фæндагыл цæуой, уый тыххæй æмæ адæймаг хъуамæ уарза йæ бинонты дæр, йæ бæстæ дæр, йæ зæхх дæр. Уæд цард дæр хуыздæр уыдзæн».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania