Уый тыххæй сæрмагонд комитет «Уæлахиз»-ы æмбырды фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз
Уый тыххæй сæрмагонд комитет «Уæлахиз»-ы æмбырды фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Цæмæй программæ царды æххæстгонд цæуа, уый тыххæй бафыстой бадзырд регионалон райрæзты министрадимæ. Æмбырды ныхас цыд ацы азы номарæн мадзæлттыл. Нысангонд цæуы, Ирыстонæй Фыдыбæстæйы хæсты архайæг хъæбатыртыл документалон киноныв сисын, куыстуæтты æмæ ахуыргæнæндæтты цур цы цыртдзæвæнтæ ис, уыдонмæ базилын. Мамсыраты Таймураз ма радзырдта хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгуимæ фембæлды тыххæй. Ныхас кодтой Дзæуджыхъæуы Суворовон училищæйы хъысмæтыл. Гæнæн ис æмæ кадетты корпусæн ногæй лæвæрд æрцæуа Суворовы училищæйы ном.
Кцойты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы архитектурæйы æмæ арæзтадон политикæйы министры хæдивæг: «Нæ республикæйы ис сæрмагонд программæ, уымæ гæсгæ, йæ царды фадæттæ æвзæр кæмæн сты, уыдонæн дæттæм фæрæзтæ, цæмæй дзы сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæной, уый тыххæй».




