филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:09 вторник, 16 декабря 2025
01 февраля 2013, 11:23
Цæгат Ирыстоны финансон-бюджетон цæстдарды федералон службæ хатдзæгтæ скодта ивгъуыд азы куыстæн

Цæгат Ирыстоны финансон-бюджетон цæстдарды федералон службæ хатдзæгтæ скодта ивгъуыд азы куыстæн æмæ сбæрæг кодта сæйраг нысантæ ацы азæн.

Цæгат Ирыстоны финансон-бюджетон цæстдарды федералон службæ хатдзæгтæ скодта ивгъуыд азы куыстæн æмæ сбæрæг кодта сæйраг нысантæ ацы азæн.

Æмбырды архайдтой Цæгат-Кавказы федералон зылды минæварады, прокуратурæйы, æдасдзинады федералон службæйы æмæ мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ.

Æхца Федералон бюджетæй чи исы, уыцы кусæндæтты финансон-бюджетон цæстдарды территориалон управлени фарон сарæзта 120 ревизийы. Къазнайы фæрæзтæ хардз кæныны уагæвæрд хæлд кæм æрцыд, ахæм цаутæ раиртæста 89. Управленийы разамонæг Баскаты Станислав йæ раныхасы стыр æргом аздæхта бæрæггæнæн мадзæлттæ фæахадгæдæр кæнынмæ. Уæрæсейы Федерацийы Хицауады сæрдары бардзырдмæ гæсгæ хъуамæ сбæрæг кæной цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, стæй артаг æмæ энергетикæйы комплексы уавæр. Хъуамæ хъусдард цæуа, Цæгат-Кавказы социалон-экономикон рæзты программæ куыд æххæстгонд цæуы, уымæ. Федералон æхца хардз кæныны хъуыддаджы раиртæстой закъонхæлдтытæ. Управленийы кусджыты ахсджиагдæр хæсыл банымадтой иудадзыг сæ дæсныйад бæрзонддæр кæнын æмæ республикæйы цæрджытæн фылдæр пайда хæссын.

Сидахъты Марат, РЦИ-Аланийы финансон-бюджетон цæстдарды федералон службæйы хайады сæргълæууæг: «Уагæвæрд халæн митæ къаддæр кæнынц нæ республикæйы, раст зæгъгæйæ. Мах дæр, цы организацитæм бацæуæм, уыдоны кусджытæн бацамонæм, раст архайын куыд хъæуы, цмæй закъон къаддæр халой. Нæ куыст ацы аз куыд фæхуыздæр уа, ууыл кусæм, сæвæрдтам уæлдæр домæнтæ нæхицæн, цæмæй адæмы цард хуыздæр кæна».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania