филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:23 вторник, 16 декабря 2025
01 февраля 2013, 11:46
Цæгат Ирыстоны сгуыхт аразæг Геннадий Плужников абон бæрæг кæны йæ 80 азы юбилей

Йæ куыстмæ фыццаг хатт рацыд 55-æм азы. Æмæ уæдæй фæстæмæ йæ цард æнгом сбаста ацы къабазимæ. Кæддæриддæр куыста зæрдиагæй. Фæлæ йе стырдæр хæзна, йæ царды стырдæр хъуыддаг та у æмæ адæмуарзондзинад.

Йæ куыстмæ фыццаг хатт рацыд 55-æм азы. Æмæ уæдæй фæстæмæ йæ цард æнгом сбаста ацы къабазимæ. Кæддæриддæр куыста зæрдиагæй. Фæлæ йе стырдæр хæзна, йæ царды стырдæр хъуыддаг та у æмæ адæмуарзондзинад.

Цæгат Ирыстоны сгуыхт аразæг Геннадий Плужниковæн æдзухдæр йæ зæрдыл лæууы, йæ бригадимæ фысымуат «Дзæуджыхъæу» куыд арæзта, уый. Уæд, ивгъуыд æнусы æвдайæм азты нымад уыд егъаудæр проектыл. Уымæ æнгæс ма уыд уазæгуат «Интурист». Фæлæ уым уыди æрмæстдæр 12 уаты. Æмæ-иу туристты кæм суазæг кодтаиккой, уый нæ уыд.

Лагкуты Вячеслав, Гом Акционерон Æхсæнад «Интурист» – ы генералон директор: «Уыцы уазæгаут куы нæ уыдаид, уæд нæм ахæм фадæттæ дæр нæ уыдаид. Уыйас нæ республикæмæ ничы цыдаид. Абон дæр фысымуат «Дзæуджыхъæу» иннæтимæ абаргæйæ æвзæрдæр нæу, хуыздæр йеддæмæ».

Арæзтадон фæзмæ Геннадий Плужников фыццаг хатт рацыд фæндзай фæндзæм азы. Æмæ уæдæй фæстæмæ йæ цард æнгом сбаста арæзтадимæ. Хорз ма йæ хъуыды кæны, сывæллæттæн æмæ фæсивæдæн спортивон скъола куыд арæзтой, уый. Геннадий уæд йæхæдæг æрхъуыды кодта бæстыхайыл олимпаг хъæзтыты символ бакæнын. нысан кæны фондз континенты.

Геннадий Плужников, РЦИ-Аланийы сгуыхт аразæг: «Мæ царды бирæ цыдæртæ сарæзтон, фæлæ мын сæйрагдæр уый у, æмæ сарæзтон хорз бинонтæ. Кæддæр мæ цардæмбал Таисæимæ уыдыстæм дыууæйæ. Ныр та систæм дыууадæс. Ис нын дыууæ фырты, уыдонæн та сæ кæстæртæ сты æртæйæ. Се ппæт дæр рацыдысты царды уæрæх фæндагмæ. Кæд мæ фырттыл фæндзай азтæй фылдæр цæуы, уæддæр нæ нымайынц бинонты хистæртыл. Кад нын кæнынц».

Геннадий Плужниковы бирæ азты хорз чи зоны, уыдонæн у æцæг æмбал, кæддæриддæр баууæндæн кæуыл ис, ахæм адæймаг. Йæ рагон зонгæ Таболты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй йæ бон ахæм цау æрхъуыды кæнын нæу, йæ зæрдæ йыл кæд фæхудти, кæнæ Геннадий йæ ныхас кæд нæ сæххæст кодта.

Таболты Владимир, РЦИ-Аланийы экономикон рæзты министрады эксперт: «Æцæг лæг у! Адæмæн иухуызон уарзон у. Зæрдæхæлар, цæстуарзон. Йæ фидæныл чи хъуыды кæны, ахæм. Стæй йæ цот дæр ахæмтæ сты. Æз ын йæхимæ цы зæрдæ дарын, йæ фыртмæ дæр ын ахæм зæрдæ дарын. Базыдтон æй, дæлбулкъон куы сси, уæд. Амондджын уæд. Йæ царды бонтæ нымайгæ куыд нæ кæна, фæлæ цæрын куыд бафæраза, ахæм арфæ йæ уæд. Ирыстоны чи хъæуы, ахæм лæг у».

Фынддæс азæй фылдæр Генадий Плужниковимæ фæкуыста архитектурæйы æмæ арæзтадон политикæйы министры хæдивæг Калоты Виталий. Куыд зæгъы, афтæмæй дзы йе мкусджытæ хъæр ныхас никуы фехъуыстой. Се ппæт дæр ын стыр кад кодтой. Юбилярæн йæхи ныхæстæм гæсгæ, йæ æстай азмæ иу боныл дæр фæсмон никуы фæкодта. Кæддæриддæр куыста зæрдиагæй. Йæ царды стырдæр хæзнатыл нымайы сыгъдæг зæрдæ æмæ адæмуарзондзинад.

Фидараты Маринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania