филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:10 вторник, 16 декабря 2025
01 февраля 2013, 14:18
Хъæддаг мæргътæ хуссарырдæм тæхын куы райдыдтой, уæд Краснодары крайы иртæстгонд æрцыд мæргъты грипп

Сбæлвырд æй кодтой лабораторон иртæстыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ.

Сбæлвырд æй кодтой лабораторон иртæстыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ. Цæгат Ирыстоны уыцы низ нæй, фæлæ тæссаг у, куы фæзына, уымæй. Хицауады сæрдары хæдивæг Белеккаты Рафаэль цы æмбырд сарæзта, уым ацы ахсджиаг фарстайыл ныхас цыд æппæт бæрнон службæты минæвæрттимæ. Фыццаджыдæр, рахастой уынаффæ, цæмæй нæ республикæмæ æндæр рæттæй æгас мæргътæ ласыны бар ма уа. Ахæм уынаффæ у рæстæгмæ, цалынмæ уавæр не схорз уа, уæдмæ. Æппæт цæстдарæг ведомствоты æмрæнхъ стыр хæстæ æвæрд ис бынæттон хиуынаффæйады кусджыты раз дæр, уымæн æмæ уыдон хуыздæр зонынц, горæттæ æмæ хъæуты маргъ дарыны куыст чи кæны, уый. Маргъдарæн куыстуæттæ хъуамæ кусой æхгæд фæткмæ гæсгæ, цæмæй хъахъхъæд уой тæссаг низæй.

Рубайты Аркадий, «Россельхознадзор»-ы территориалон управленийы сæргълæууæг: «Цы маргъдарæн куыстуæттæ ис, мах, фыццаджыдæр, уыдоны хъахъхъæнæм. Адæммæ хойраджы хуызы карчы дзидза уыдонæй цæуы. Æмæ сæм цæмæй мæргъты грипп ма фæзына, уый пайдайæн рахастам ахæм уынаффæ. Ахæм хабар дæр ма дзы рабæрæг и, æмæ æнæ гæххæттытæй дæр ардæм бирæ маргъ ласынц. Æмæ йæ, кæм æмбæлы, ахæм рæтты куы æлхæниккой, уæд ахæм тæссаг нæу. Фæлæ йæ гыццыл машинæтæй ласынц. Æмæ машинæтæй кæй уæй кæнынц, уый сбæрæг кодтой, не скодтой – уый бæлвырд зындгонд нæу. Æлхæнын хъæуы кæнæ дуканиты, кæнæ базарты. Уым дзидза бæрæг кæнынц. Афтæ куы фæзæгъынц, базарты ма ‘лхæнут, зæгъгæ, уæд уый бынтон раст нæу. Чи зоны, æмæ Уæрæсейы кæмдæрты базартæ æдзæллаг уавæры сты, фæлæ махмæ афтæ нæу. Цы продукци дзы уæй кæнынц, уый бæрæггонд вæййы».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania