филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:11 вторник, 16 декабря 2025
04 февраля 2013, 11:11
Цæгат Ирыстоны цæрджытæ арæхдæр хъаст кæнын райдыдтой бæрæгуатон службæйы куыстæй

Кæд – иу раздæр 118 номырмæ бадзургæйæ, абоненты мыггаг æмæ цæрæнуат зæгъгæйæ, сæ бон уыд хъæугæ телефоны номыр базонын, уæд ныртæккæ хъуыддаг ныкъкъуылымпы вæййы.

Кæд – иу раздæр 118 номырмæ бадзургæйæ, абоненты мыггаг æмæ цæрæнуат зæгъгæйæ, сæ бон уыд хъæугæ телефоны номыр базонын, уæд ныртæккæ хъуыддаг ныкъкъуылымпы вæййы.

Фыццаджыдæр службæйы оператортæ бацагурынц абоненты ном, йæ фыды ном, йæ мыггаг, йæ адрис… фæлæ æппæт информаци райсгæйæ дæр арæх сæ бон дзуапп раттын нæ ввæйы. Аххоссæгтæй иу у, 118 номырмæ бадзургæйæ, республикæйы цæрджытæ Волгограды бæрæгуатон службæмæ кæй бахауынц, уый. Уым арæзт æрцыд компани «Ростелеком»-ы Уæрæсейы хуссайраг республикæты иумæйаг «колл-центр» æмæ дзæнгæрджыты 80 % цæуынц уырдæм.

Службæ саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, нырма 2 мæйы йеддæмæ нæ кусынц æмæ ма сæ куысты ис къуылымпытæ. Фæлæ хæстæгдæр рæстæг æппæт фарстатæ дæр лыггонд æрцæудзысты.

Уыимæ кусы Дзæуджыхъæуы бæрæгуатон службæ дæр. Фæлæ хуссайраг республикæты иумæйаг центр кæй байгом кодтой, уый сыл фæзынд. Кæд – иу сæм раздæр бонмæ уыд 10 000 дзæнгæрæгæй фылдæр, уæд ныр цалдæр хатты фæкъаддæр сты. Уымæ гæсгæ сæ кусджыты нымæц хъуамæ фæкъаддæр уа 20 адæймаджы.

«Ростелеком»-ы разамынд æмбарын кæнынц – иумæйаг службæ арæзт æрцыд бæрææгуатон куыст фæхуыздæр кæнынæн.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania