филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:50 вторник, 16 декабря 2025
04 февраля 2013, 16:59
Бæлццæттæласæн транспорты æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæртты ‘хсæн арæзт æрцыд фембæлд

Ныхас цыд ахсджиагдæр æмæ лыггæнинаг фарстатыл.

Бæлццæттæласæн транспорты æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæртты ‘хсæн арæзт æрцыд фембæлд. Ныхас цыд ахсджиагдæр æмæ лыггæнинаг фарстатыл.

Æмбырды куыд загътой, афтæмæй, раздæрау, тæссаг у терроризмæй. Уымæ гæсгæ хъæуы къæрцхъусдæр уæвын æмæ æдасдзинады домæнтæм фылдæр цæст дарын– загъта йæ ныхасы Дзæуджыхъæуы транспорты управленийы хицау Гæздæнты Мурат.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, стыр æргом аздахын хъæуы машинæты техникон уавæрмæ. Цæрджытæй цæуы хъæстытæ, шофыртæй бирæтæ бæлццæттимæ схуыст ныхас кæй кæнынц, уæлдайдæр фæндаггаг исгæйæ, сæ фылдæр сты тынг чъизи.

Маршрутон такситы шофыртæй иуæй-иутæ фæндаджы аргъ æнæзакъонæй скодтой 12-15 сомы, æмæ хъуамæ баййафой æфхæрд.

Æххæст кæнын хъæуы æрлæууæн бынæтты тыххæй домæнтæ. Маршрутон такситæн æмæ автобустæн бæлццæттæн уромæн ис æрмæстдæр сæрмагонд бынæтты.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania