филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:09 вторник, 16 декабря 2025
04 февраля 2013, 17:06
Йæ цардæй ахицæн Ирыстоны зындгонд хъæбул, хæсты ветеран, историон наукæты доктор, УФ-йы наукæйы сгуыхт архайæг – Гиоты Михал

Хорзæхгонд уыд «Фыдыбæстæйы хæсты», «Сырх Тырысайы» æмæ «Хæлардзинады» ордентæй, у 14 майданы æмæ бирæ хæрзиуджыты хицау.

Йæ цардæй ахицæн Ирыстоны зындгонд хъæбул, хæсты ветеран, историон наукæты доктор, профессор, УФ-йы наукæйы сгуыхт архайæг – Гиоты Михал.

Хорзæхгонд уыд «Фыдыбæстæйы хæсты», «Сырх Тырысайы» æмæ «Хæлардзинады» ордентæй, у 14 майданы æмæ бирæ хæрзиуджыты хицау.

Гиоты Михал уыд активон æхсæнадон архайæг, «Иры Стыр ныхас» саразджытæй иу. Æдзухдæр хъуыды кодта Ирыстоны фидæныл. Куыста æмæ архайдта йæ сомбон рæсугъд куыд уа, ууыл.

Гиоты Михалы бинонтæн тæфæрфæс ракодтой республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз, хицауады сæрдар Такъоты Сергей, парламенты сæрдар Алексей Мачнев.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania