Республикæйы цæрджытæн сæ равдисын фæнды, æрдз хъахъхъæнын куыд хъæуы, уый. Сарæзтой зиу дендрарийы. Ацы хъуыддаджы сын баххуыс кодтой волонтертæ æмæ амалхъом адæм.
Æвгтæ, пакеттæ, тамакойы къоппытæ. Бырæттæ калд сты фæлладуадзæн фæзы алы ран дæр. Уыимæ паркмæ бацæуæны лæууы стыр контейнер. Арæх адæм бырон уырдæм нæ феппарынц, фæлæ зæхмæ.
Акцийы рæстæг йæ архайджытæ бырæттæ æрæмбырд кодтой 40 голладжы бæрц. Куыд зæгъынц, афтæмæй æрдзы сыгъдæгдзинад, фыццаджыдæр, аразгæ у адæмæн сæхицæй.
Дзебысаты Марат, РЦИ-Аланийы æрдз хъахъхъæныны æмæ æрдзон ресурсты комитеты паддзахадон инспектор: «Адæм сæ улæфт уадзынц, фæлæ сæ бырон цыма ардæм æрбаласынц, уый хуызæн у. бынæттæ чъизи сты. Нæ кусджытимæ сфæнд кодтам бафснайын, цæмæй нæ фæлладуадзæн бынæттæ рæсугъд уой, ууыл архайæ. Фæндид мæ фæсидын нæ республикæйы цæрджытæм, цæмæй сыгъдæгдзинадмæ сæ цæст дарой. Уый раст нæу, æрбацыдтæ дæ сывæллонимæ, бырон аппæрстай. Сывæллон дæр уымæ кæсы, уый дæр райсом афтæ кæндзæн. Афтæ гæнæн нæй».




