филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:23 вторник, 16 декабря 2025
05 февраля 2013, 11:35
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд республикæйы чемпионат боулингæй

Републикæйы алы районтæй дзы архайдта 40 спортсменæй фылдæр. Йæ хъарутæ равдисыны бар дзы уыд алкæмæн дæр.

Републикæйы алы районтæй дзы архайдта 40 спортсменæй фылдæр. Йæ хъарутæ равдисыны бар дзы уыд алкæмæн дæр. Чемпионаты хатдзæгтæм гæсгæ конд æрцыд цæгатирыстойнаг хуыздæр боулерты рейтинг. Спортсментæ цы баллтæ райстой, уыдонмæ гæсгæ сæ адих кæндзысты дыууæ къордыл. Федерацийы фæнд кæнынц командæты `хсæн ерыстæ саразын.
    
Плиты Олег, РЦИ-Аланийы боулингы федерацийы сæйраг тренер: «Бирæ адæм æрбацыд ацы чемпионатмæ. Хъазынц, фæлварынц сæ тыхтæ. Кæмæн куыд йæ бон у, афтæ архайынц. Фæнд кæнæм ахæм ерыстæ алы мæй дæр аразын. Ныр дæр нын æхсызгон у алы кары адæм кæй хъазынц, уый. Абон ерысты уыд 4 æрыгон спортсмены 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. Ерысты ма архайдта 60 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, ахæм нæлгоймаг. Æмæ уый хорз у. Мах дæр сæ ахуыр кæнæм. Кæй фæнды, уыдоны дæр се *ппæты сахуыр кæндзыстæм хъазын».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania