филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:16 вторник, 16 декабря 2025
05 февраля 2013, 17:09
Сывæллæтты æмæ æрыгæтты туризмы центры арæзт æрцыд республикон конкурс «Мæ Ирыстон»

Архайдтой дзы æппæт районты скъоладзаутæ.

Конкурс вæййы дыууæ хайæ. Раздæр уал скъоладзаутæ æрбарвитынц се сфæлдыстадон куыстытæ.

Архайдтой дзы æппæт районты скъоладзаутæ.

Конкурс вæййы дыууæ хайæ. Раздæр уал скъоладзаутæ æрбарвитынц се сфæлдыстадон куыстытæ. Уый фæстæ та сæ куыстытæ фæхъахъхъæнынц жюрийы раз.

Конкурс аразджыты ныхæстæм гæсгæ, сæ темæтæ алывæрсыг сты. Скъоладзаутæ фыссынц сæ райгуырæн бæстæйы историйы, культурæйы, традициты тыххæй. Иртасынц, сæ фыдæлтæ куыд цардысты, уый тыххæй.

Конкурсы уæлахиздзаутæн ратдзысты дипломтæ æмæ зæрдылдарæн призтæ. Фыццаг бынат чи бацахса, уый архайдзæн Æппæтуæрæсеон конкурс «Мæ фыдыбæстæ»    -йы.

Дзарасаты Беллæ, Елхоты 2-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг: «Йер ацы конкурс цæуы 7-æм хатт. Æмæ мæнмæ гæсгæ, уый тынг хорз хъуыддаг у. Сывæллæттæ кæнынц иртасæн куыст, цæмæй раиртасой темæтæ, хъуыды кæной. Æмæ чи географийы, историйы, бæстæзонынады, культурæйы фарстатыл кусы. Мæ бон зæгъын у, цас тынгдæр æмæ фылдæр куса адæймаг, уый бæрц фылдæр базоны, хъæздыгдæр кæны. Хорз ма уый у æмæ сывæллæттæ кæй базонынц сæ рагфыдæлты цард, се рвылбоны фæтк, цы хæзнатæ сæм уыд, цæуыл хæст уыдысты. Цы кодекс сæм уыди. Иу хат ма йæ зæгъын – тынг хорз хъуыддаг у».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania