филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:23 вторник, 16 декабря 2025
06 февраля 2013, 11:13
Федерацийы Советы æрныхас кодтой сидзæр сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыныл

«Сидзæр сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыны фарста хъæуы карздæрæй æвæрын», – загъта Уæрæсейы Федерацийы Советы сенатор Хацъæты Олег.

«Сидзæр сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыны фарста хъæуы карздæрæй æвæрын», – загъта Уæрæсейы Федерацийы Советы сенатор Хацъæты Олег. Йæ фæндонмæ гæсгæ ацы фарстайыл æрныхас кодтой бюджеты æмæ финансон фарстаты комитеты æмбырды.

Куыд зæгъы, афтæмæй, ныртæккæ федералон бюджетæй цы субсидитæ исыны схемæ кусы, уый сидзæр сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыны фарста кæронмæ нæ лыг кæны. Ивгъуыд азы декабры нæ бæстæйы хицауад ацы закъонмæ бахаста ивддзинæдтæ. Уыдонмæ гæсгæ хынцын райдыдтой, æстдæс азæй хистæр сывæллæтты дæр. Федералон бюджеты *фтиæгтæ та фылдæр нæ кæнынц. Нæ республикæйы фæстаг фондз азы ацы программæйæн æхца радих кодтой дæс хатты фылдæр, фæлæ уавæр нæ фæхуыздæр и. Сидзæр сывæллæтты хæдзæртты раздæры хъомылгæнинæгтæ сты цыппар сæдæйы, цæрæнуæттæ райсыны фадат та дзы ис æрмæстдæр сæ фæндзæм хайæн. Архайын хъæуы, цæмæй федералон бюджеты æфтиæгтæ регионалонæй къаддæр ма кæной, ууыл.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania