06 февраля 2013, 11:34
Дзæуджыхъæуы райдыдта республикон спартакиадæ астæуккаг ахуыргæнæндæтты хсæн
Æрвылазон физкультурон-дзæбæхгæнæн мадзал ацы хатт цæуы 7-æм профессионалон училæщæйы. Студенттæ ерыс кæндзысты спорты 4 хуызы: шахмæттæй, шашкæтæй, армхæстæй æмæ уæзæгтæ исынæй.
Æрвылазон физкультурон-дзæбæхгæнæн мадзал ацы хатт цæуы 7-æм профессионалон училæщæйы. Студенттæ ерыс кæндзысты спорты 4 хуызы: шахмæттæй, шашкæтæй, армхæстæй æмæ уæзæгтæ исынæй. Фыццаг уал лицейты, техникумты æмæ училищæты минæвæрттæ сæ тыхтæ фæлварынц шахмæттæй æмæ шашкæтæй. Спартакиадæйы хатдзæгтæм гæсгæ уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты кубоктæй, дипломтæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Спартакиадæ цæудзæн 5-æмæй 28-æм февралмæ.
Икъаты Роберт, РЦИ-Аланийы сгуыхт тренер: «Цæмæй ахуырдзаутæ сахуыр уой сæхи хорз дарын. Хъазын дæр. æмæ абон мæнæ 7-æм училищæйы стæм æмæ сæ разамынд сарæзтой хорз уавæртæ, цæмæй ерыстæ хорз ацæуой, лæппутæ æмæ чызджытæ сæхи хорз равдисой, уый тыххæй. Дарддæр уыдзæн бирæ ерыстæ. Цæудзысты 6 мæйы. Майы кæронмæ. Æмæ ахуырдзаутæ сæхи равдисдзысты».

темæмæ гæсгæ