филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:15 вторник, 16 декабря 2025
06 февраля 2013, 17:07
Республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз фембæлд Сталинграды тохы архайджытимæ

Уыцы æгъатыр тохы Ирыстонæй чи архайдта, уыдонæй ма ис 37. 2-æм февралы Сталинграды бæрæг кодтой, горæт фашисттæй куы суæгъд, уый 70 азы бон.

Абон республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз фембæлд Сталинграды тохы архайджытимæ

Уыцы æгъатыр тохы Ирыстонæй чи архайдта, уыдонæй ма ис 37. 2-æм февралы Сталинграды бæрæг кодтой, горæт фашисттæй куы суæгъд, уый 70 азы бон. Кадджын мадзалмæ ацыд нæ республикæйы делегаци дæр, се ‘хсæн, уыцы тохы чи хæцыд, ахæм дыууæ ветераны. Уыдон Мамсыраты Таймуразæн æмæ фембæлдмæ æрбацæуджытæн радзырдтой, куыд зæрдиагæй сæ федтой уым, уый тыххæй. Уæлдай æхсызгон сын уыд, не мзæххон Бæрæзгаты Харитоны хъæбатырдзинæдты тыххæй фехъусын, йæ ингæны цур алæууын. Ирыстоны Харитон нымад уыд æбæрæгæй сæфтыл. Делегацийы архайджытæ раарфæ кодтой республикæйы сæргълæууæгæн, Сталинградмæ ацæуынмæ сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй. Уыцы тохы архайджытæй сæ фылдæрæн се ‘нæниздзинад хъыгдард кæй у, уымæ гæсгæ кадджын мадзалмæ сæ бон æрбацæуын баци æрмæстдæр 11-æн. Мамсыраты Таймураз сын сæ хъæбатырдзинады тыххæй загъта бузныг, æмæ сын ракодта лæвæрттæ.

Магкæты Исрафил, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран: «Сталинграды ахæм юбилейты уыдтæн цыппар хатты. Афтæ мæм кæсы, цымæ азæй-азмæ горæт рæсугъддæр кæны. Уæдæ дзы ацы хатт цы федтон уый ма дисы тынг бафтыдта. Музейы хуылфы ахæм панорамæ скодтой, раст хæсты рæстæг цыма у, афтæ. Уым уæвгæйæ мæ хæстон фæндæгтæ тынгдæр мæ зæрдыл æрлæууыдысты.Хистæрæй кæстæрæй ныл чи нæ бацин кодта, ахæм нæ уыд. Сталинград ногæй Сталинград кæй суыдзæн уый дæр нæ уырны».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania