филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:06 пятница, 03 апреля 2026
08 февраля 2013, 11:17
Ирыстойнаг уынджы 31-æм хæдзары цæрджытæм змис кæлы сæ кърæнтытæй

Дзæуджыхъæуы арæзтадон æрмæджытæ зын ссарæн кæй не сты, уый Ирыстойнаг уынджы цæрджытæ хорз зонынц.

Дзæуджыхъæуы арæзтадон æрмæджытæ зын ссарæн кæй не сты, уый Ирыстойнаг уынджы цæрджытæ хорз зонынц. Афтæ рауад, æмæ сæ змис балхæнынмæ сæ хæдзарæй рацæуын дæр нал хъæуы, уымæн æмæ кæлы сæ доны хæтæлтæй.

Ирыстойнаг уынджы 31-æм хæдзары цæрджытæй исчи хæдзар саразыны фæнд скодта, зæгъгæ, уæд æй змис æлхæнын нал бахъæуид. Хæдзары цæрджытæм змис кæлы сæ кърæнтытæй. Ныр æхсæзæм аз Любовь Маслова алы райсом дæр ивы йæ доны фильтртæ. Иу сæткæмæ дзы æрæмбырд вæййы дыууæ килæйы бæрц змис.

Афоныл æй куы нæ ссæгъдæг кæнай, уæд кърæнтытæ, хæтæлтæ, донуадзæн системæ æнæхъæнæй уайтагъддæр асæттынц. Алы бон слесæртæм дзурын та алкæй бон нæу. Адæмы æфтиæгтæ уый бæрц нæ фаг кæнынц.

Ахæм уавæрты сты ныр 6 азы. Хæдзары цæрджытæн сæ фылдæр сты ацæргæ адæм.

Бирæ азты цæрджытæ сæ хъаст хастой алы бæрнон куыстуæттæм. Цæрæн-коммуналон хæдзарады управленимæ та фæндаг скодтой. Фæлæ ныры онг змис æмбырд кæнынц.

Саутæты Æхсар, 5-æм цæрæн-коммуналон хæдзарады сæйраг инженер: «Змис хауы доны трассæйæ. Горæты скважинæйæ, дон зæххы бынæй цæуы æмæ бахауы уыцы хæдзæрттæм. Йер доны хæдзарадимæ иумæйагæй кусæм æмæ æвæрæм ахæм кусæнгæрзтæ уыцы змис чи ахсдзæн, ахæм. Æмæ иу дыууæ къуырийы фæсмтæ уыцы хъуыддаг арæзт æрцæудзæнис».

Сæ хæдзарæн дзуапдæттæг разамынддæттæг компани ацы хъуыддаг ахсджиагыл нæ нымайы. Дзæуджыхъæуы доны хæдзарады специалисттæ та мы сын сæ мастыл цæхх кæнынц, ома, ацы хъуыддаг у æрдзон фæзынд, æмæ йыл тыхсын нæ хъæуы. Фæлæ сæм уæддæр æркæсдзысты æмæ дондзæуæн трассæ ссыгъдæг кæндзысты.

Цоциты Эдуард, Промышленнон районы доны хæдзарады хайады хицау: «Ацы змисы хабар афтæ у æмæ доны кæй вæййын, уый диссаг нæу. Уымæн æмæ скважинæтæй дон куы фæкæлы, уæд змис дæр семæ рахæссынц. Змис кæмдæр æрæмбырд, уый куы базонæм, уæд мах доны трассæтæ зынгхуыссынгæнæн гидранттæй ссыгъдæг кæнæм. Мæй уи хатт, дыууæ мæйы иу хатт куыд бахъæуы, афтæ. Ам дæр афтæ скæнæн ис. Æмæ скæндзыстæм. Мæнæ техникæ æрбатæрдзыстæм , домоуправлениимæ баныхас кæндзыстæм æмæ ацы хъуыддаг баххуыс уыдзæн хæстæгдæр хæдзæртты цæрджытæн 29 номерæн дæ рæмæ 31-æм дæр».

Цæрджытæн зæрдæ бавæрдтой, хæстæгдæр 2 къуыри хъуыддаг кæй банывыл кæндзысты, уымæй.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania