филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:49 пятница, 03 апреля 2026
08 февраля 2013, 14:14
2012 азы куысты хатдзæгтыл ныхас цыд Цæгат Ирыстоны пъырыстыфты управленийы коллегийы

Докладимæ дзы раныхас кодта республикæйы сæйраг пъырыстыфы хæстæ æххæстгæнæг Гæцойты Светланæ. Куыд загъта, афтæмæй сæ службæ ивгъуыд азы УФ-йы бюджетмæ æфтиæгтæ бахаста 391 милуан сомы.

Докладимæ дзы раныхас кодта республикæйы сæйраг пъырыстыфы хæстæ æххæстгæнæг Гæцойты Светланæ. Куыд загъта, афтæмæй сæ службæ ивгъуыд азы УФ-йы бюджетмæ æфтиæгтæ бахаста 391 милуан сомы.

Уымæй уæлдай ма сæм 2012 азы алименттæ исыны тыххæй уыд 3 500 хъуыддаджы. 185-æй дзы баййæфтой уголовон æфхæрд.

Дзæуджыхъæуы администрациимæ, пенсион фондимæ, хъалонисæн æмæ миграцион службæтимæ, паддзахадон автоинспекциимæ, цæрæн-коммуналон хæдзарадимæ æмгуыст кæй кæнынц, уый сыл хуыздæрырдæм фæзынд. Иумæйаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ æрæмбырд кодтой 700 милуан сомы.

Коллегийы ма Гæцойты Светланæ управленийы хуыздæр æмæ дзыллон информацион фæрæзты кусджытæн радта грамотæтæтæ æмæ кады гæххæттытæ.

Икъаты Феликс, УФ-йы пъырыстыфты федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы хицауы уынаффæгæнæг: «Нæ республикæйы тæрхондæтты æдасдзинад чи хъахъхъæны, уыдон УФ-йы систы хуыздæртæ. Иннæ регионты хсæн бацахстой 1-аг бынат. Æмæ мæ зæгъын фæнды, уым ахæм лæппутæ кусы æмæ сæхиуыл æппындæр нæ ауæрдынц. Тæрхондонмæ чи æрбацæуы, уыдоны хъахъхъæнынц, рæмудзæн æрмæг куыд ничи бахæсса, фыдбылыз куыд нæ æрцæуа, æнæнхъæлæджы уавæрты хи куыд дарын æмæ адæмы куыд хъахъхъæнын хъæуы, уый зонынц.. лæппутæ сæхиуыл тынг кусынц. Спорты дæр стæй æндæр хъуыдæгтæй дæр».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania