филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:09 пятница, 03 апреля 2026
11 февраля 2013, 11:12
Республикæйы скъолаты кусынц сывæллæтты патриотон хъомыладыл

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг бирæ мадæлтæ баззадысты æнæ сывæллæттæй, бирæ хæдзæрттæ та æнæ дарæгæй.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг бирæ мадæлтæ баззадысты æнæ сывæллæттæй, бирæ хæдзæрттæ та æнæ дарæгæй. Цæмæй уыцы хъæбатырты нæмттæ рох ма уой, уый тыххæй республикæйы скъолаты кусынц сывæллæтты патриотон хъомыладыл. Æрæфы районы сбæрæг кодтой Æвзонг ногдзау-хъæбатыр антифашисты бон.

Ацы уынджы Гасанты Ханафи æмæ Омарби кæд 13 æмæ 14 азæй фылдæр нæ фæцардысты, уæддæр сæ лæгдзинадæй æнустæм сæхицæн ном скодтой. Немыц Цыкола куы бацахстой, уæд Гасанты хæдзары сарæзтой комендатурæ.

Ханафи æмæ Омарби сæхи сбастой партизантимæ æмæ ныхкъуырд лæвæрдтой фашисттæн. Чидæр сæ банымыгъта, æмæ сæ знæгтæ амардтой. Уыцы хъæбатыр ногдзауты ном ссарыны тыххæй Æрæфы районы Цыколайы 3-аг скъолайы арæзт æрцыд сæ мысæн изæр.

Махъоты Эльбрус, Æрæфы районы ветеранты советы сæрдар: «Сывæллæттæн æхæм хъуыддæгтæ аразын хъæуы. Мах сын хъуамæ амонæм, дзурæм, фыдыбæстæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнын кæй хъæуы, уый. Абоны мадзал цы дыууæ æвзонг лæппуйы номыл арæзт у, уыдоны хъæбатырдзинæдты хабæрттæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ хæссын хъæуы. Уыдæттæ нæ кæстæртæ куы зоной, уæд сæ патриотон хъомылад бæрзонд æмвæзадыл æвæрд уыдзæн».

Гасанты æфсымæрты æрымысынмæ æрбацыдысты районы администрацийы, Стыр Ныхасы, Ветеранты Советы минæвæрттæ, хæстæджытæ. Сывæллæттæ тынг цымыдисæй хъуыстой хистæрты мысинæгтæм. Алкæйы ныхасы дæр уыд кæстæртæм ныстуан, цæмæй сæ фыдыбæстæ уарзой æмæ йын йæ хъабатырты ма рох кæной.

Цориты Ирмæ, Гасанты æфсымæрты номыл шашкæтæй турнир саразæг: «Раздæр районы Гасанты æфсымæрты номыл арæзтой хъæбысхæстæй турнир. Кæцыдæр рæстæг та, цæмæдæр гæсгæ, рохуаты аззадысты. Уырны мæ, нæ район кæй фæхъомысджындæр уыдзæн, æмæ сывæллæтты патриотон хъомыладæн пайдайаг мадзæлттæ фылдæр арæзт кæй цæудзæн, уый».

Гасанты Мурат, Гасанты æфсымæрты хæстæг: «Махæн, Ханафи æмæ Омарбийы хæстæджытæн, уæлдай æсызгон у, сæ ном сын кæй ссардтой, уый. Арфæ кæнын, мадзал чи сарæзта, чи дзы архайдта, уыдонæн».

Скъоладзаутæ бакастысты æмдзæвгæтæ. Сæ гыццыл удтæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты знаггад кæй æмбæрстой, уый бæрæг уыд сæ зæрдиаг аив ныхасæй. Уый фæстæ районы скъолаты ахуырдзаутæн сарæзтой Гасанты æфсымæрты номыл шашкæтæй турнир.

Махъоты Алинæ, турниры архайæг: «Турниры тынг зæрдиагæй архайдтам. Хъуамæ зонæм, кæй номыл арæзт уыд, уыдонæн рох кæнæн кæй нæй, уый».

Рæстæг дугъон бæхæй уæлдай нæу, кæд Гасанты фсымæрты хъæбатырдзинаæдыл 70 азы рацыд, уæддæр йæ ахадындзинад къаддæр нæ кæны, уымæн æмæ лæгдзинадæн царды ис æнæфæцудгæ бынат.

Сосранты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania