филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:14 пятница, 03 апреля 2026
11 февраля 2013, 11:24
Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы арæзт æрцыд æрвылазон хатдзæгтæгæнæн концерт

Симфонион оркестрæн дирижертæ уыдысты Дзæуджыхъæуы музыкалон скъолаты ахуырдзаутæ Муриты Данæ æмæ Тедеты Хетæг.

Симфонион оркестрæн дирижертæ уыдысты Дзæуджыхъæуы музыкалон скъолаты ахуырдзаутæ Муриты Данæ æмæ Тедеты Хетæг. Сты Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт архайæг, композитор æмæ дирижер Хосроты Тамерланы хъомылгæнинæгтæ.

Концерты солисттæ уыдысты Сланты Тимур æмæ Толпарты Маринæ.

Оперæ æмæ балеты театры азæлдысты Шуберты, Веберы, Чайковскийы, Вагнеры, Хосроты Тамерланы æмæ æндæр ирон композиторты уацмыстæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania