12 февраля 2013, 17:26
Октябрыхъуы спорты галуаны арæзт æрцыдысты республикон ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй
Архайдтой дзы, 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæм спортсментæ.
Архайдтой дзы, 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæм спортсментæ.
Ацы турнир у Хуссар федералон зылды ерыстæм æвзарæн къæпхæн. Иугонд командæйы сæйраг тренер Рубайты Русланы ныхæстæм гæсгæ, кæд лæппутæ хорз цæттæдзинад æвдисынц, уæддæр нырма нæй зæгъæн фидæны сæ стыр спортсмен чи суыдзæн, уый. Бæрæг уыдзæн 2-3 азы фæстæ. Нырма та дзы равзарын хъæуы хуыздæрты. Ацы турниры чи фæуæлахиз уа, уыдон февралы архайдзысты регионалон ерысты Кæсæг-Балхъары.
темæмæ гæсгæ




