филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:20 среда, 17 декабря 2025
13 февраля 2013, 11:28
Цæгат Ирыстоны нæ фаг кæны мæргъты холлæгтæ

Уæрæсейы тыллæг æвзæр кæй æрзад, уый тыххæй хоры аргъ фæзынаргъдæр. Уыцы уавæр æвзæрырдæм фæзынд маргъдарæн фабрикæтыл дæр.

Уæрæсейы тыллæг æвзæр кæй æрзад, уый тыххæй хоры аргъ фæзынаргъдæр. Уыцы уавæр æвзæрырдæм фæзынд маргъдарæн фабрикæтыл дæр. Фермертæ бройлер кæрчыты куыст нал кæнынц, æмæ дуканиты карчы фыд фæкъаддæр. Хъæууон хæдзарады министрад архайы, карчы дзидзайæн йæ раздæры аргъ бахъахъхъæныныл. 

Сойæ, горох, мæнæу, нартхор – мæргъты æрвылбоны хæринагыл холлæгтæ нæ фаг кæны, зæгъгæ, уый нæ фæзынд. Фæлæ холлæгты аргъ кæй фæзынаргъдæр, уый хорзæрдæм нæ фæзынд бройлертыл. Иуæй-иу хæдзарæдтæ инкубаторты нал сæвæрдтой карчы ацы хуызы æйчытæ. Иннæты та сæ куыстуæттæ сæхгæнын бахъуыд.

Баллаты Виктор, РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады министрады специалист – эксперт: «2013-æм азы фыццаг мæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, цыппор хæдзарадæй æвддæс инкубаторты фидæны маргъæн продукци нæ сæвæрдтой. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ ацы аз карчы фыд зынгæ фæкъаддæр уыдзæн».

Дуканиты тæрхæджытæ карчы дзидзайæ афтид не сты. Фæлæ, уæддæр разæды хуызæн бирæ нал ис. Ирыстоны алы аз дæр рæстæмбис нымадæй карчы фыд вæййы 16 мин тонны. Фæлæ уый фаг нæу, республикæйы цæрджыты дзидзайæ æххæстæй сифтонг кæнынæн дæр. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй афæдзмæ мин тоннæй фылдæр продукци фæкъаддæр уа, ахæм хабар фæстаг хатт уыд æрмæстдæр 15 азы размæ. Фермерты нымадмæ гæсгæ хæрдзтæ цæуынц хæрды. Кæд раздæр карчы дзидзайы килограмм 70 сомы уыд, уæд ныр та 90.

«Холлæгтæ цæхгæр кæй фæзынаргъдæр сты, уымæн йæ аххосаг у Уæрæсейы тыллæг æвзæр кæй рæзад, уый»,- зæгъынц республикæйы хъæууон хæдзарады министрады специалисттæ. Холлæгтæ Волгоградæй, Краснодарæй æмæ Стъараполæй чи ласы, уыцы фермерты уавæр дæр хуыздæр нæу. Куыд зæгъынц, афтæмæй уавæр куы нæ аива, уæд дзидзайы аргъ æнæмæнгæй фæзынаргъдæр уыдзæн. Нырма уал æй уæй кæнынц раздæры аргъыл. Маргъдарæн фабрик «Михайловский»-ы бройлертæ фæкъаддæр кæнын кæй хъæуы, уый тыххæй хъуамæ фæфылдæр кæной æфтауæг кæрчыты нымæц».

Инкубаторы æвæрынмæ æйчытæ æмæ цъиутæ хорз æлхæнынц Адлеры æмæ Цæцæны республикæйы.

Мæнæ ацы ран райдыдта хи холлæгты цехы арæзтад. Æрæвæрдтой йын бындур, балхæдтой кусæнгæрзтæ. Пъланмæ гæсгæ цех хъуамæ кусын райдыдтаит ивгъуыд азы кæрон. Фæлæ æхца кæй не сфаг, уымæ гæсгæ арæзтад баурæдта.

Хъуыддаг дарддæр ахæццæ кæныны тыххæй маргъдарæн фабричы разамынд фæнд кæны кредит райсын. Цех сахатмæ уаддзæн 10 тонны хæрзхъæд холлаг. Уый фæрцы фæрогдæр уыдзæн æрмæст «Михаловский»-йы нæ, фæлæ сыхаг хæдзарæдты уавæрдæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania