филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:50 понедельник, 15 декабря 2025
26 ноября 2013, 12:11
Ныр 9 мæйы бæрц рацыд, Мызуры зынгсирвæзт куы æрцыдис, уæдæй нырмæ

Уæд æнæ цæрæнбынæттæй баззадысты 11 бинонтæ. Иутæ сæ æрцардысты, рæстæгмæ сын цы фатертæ радтой, уым, иннæтæ – сæ хæстæджытæм. Фæлæ се ппæт дæр æнхъæлмæ кæсынц, сæхи

Уæд æнæ цæрæнбынæттæй баззадысты 11 бинонтæ. Иутæ сæ æрцардысты, рæстæгмæ сын цы фатертæ радтой, уым, иннæтæ – сæ хæстæджытæм. Фæлæ се ппæт дæр æнхъæлмæ кæсынц, сæхи фатертæ балхæнын сæ бон кæд суыдзæн, уымæ. Ацы хъуыддаджы фæдыл бацыдысты Алагиры районы администрацимæ.

Гыццыл ма, æмæ Алагиры районы администрацимæ балц Мызуры цæрджытæн быцæумæ расайдтаид. Зынгсирвæзты рæстæг хъыгдард чи баййæфта, уыдон æрбацыдысты, закъонмæ гæсгæ сын цы компенсаци æмбæлы, уый сын чи æмæ кæд бафиддзæн, уый базонынмæ. Адæмимæ ныхас кæнынмæ рацыд районы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Хуыгаты Вильям. Радзырдта, ацы фарстамæ лæмбынæг цæстдард кæй цæуы, уый.

Зынгсирвæзт уыд 16-æм мартъийы. Уæд басыгъдысты 8 фатеры, 3 хæдзары æмæ хæдзарадон арæзтæдтæ. Æнæ цæрæнуæттæй баззадысты 11 бинонтæ. Хъыгдард чи баййæфта, уыдоны хсæн Едзиты Таймураз дæр. Ныртæккæ пенсиисæг цæры, рæстæгмæ йын цы иууатон фатер радих кодтой, уым. Таймураз куыд зæгъы, афтæмæй дзы уавæртæ сты хуыздæрхъуаг. Хæринаг кæны, электрон тыхæй чи кусы, ахæм пецыл, цæмæй дзы уазал ма уа, уый тыххæй та пайда кæны хъармгæнæнæй.

Едзиты Таймураз, Мызуры цæрæг: «Загътой, мæнæ сентябры райсдзыстут сертификаттæ, æмæ та нæ уæдæй фæстæмæ æргъæвынц, æмæ ныр цы уыдзæн, куыд уыдзæн, нæ йæ зонын. Бонæй-бон фæстæдæр кæнынц, цы хабар у, нæ йæ зонын».

Зынгсирвæзт æнæ цæрæнуатæй ныууагъта Хъотайты Людмилæйы дæр. Рæстæгмæ фатер райсын æй нæ бафæндыд. Æнхъæлдта тагъд ын йæхи фатер кæй фæзындзæн, уый. Йæ 2 сывæллонимæ æрцард йæ хистæр хойы фатеры. Уазæлттæ куы райдыдтой, уый фæстæ дзы цæрын бынтон зын сси, зæгъы Людмилæ. Нæй дзы хъармгæнæнтæ æмæ тæвд дон, рудзгуытæй тынг дымы.

Хъотайты Людмилæ, Мызуры цæрæг: «Æрмæстдæр дзы уыдис 2 къулы. Нæдæр дзы дон уыд, нæдæр ваннæ. Гыццыл плиткæйыл дон дæр атæвд кæнын, нæхи æхсын дæр нæ фæхъæуы, хæринаг дæр фæхъæуы. Ахæм уавæртæ дзы нæй. Сывæллон мын алыгъд нæ уавæртæм гæсгæ. Тыхсы, сывæллонæн æндæр уавæртæ хъæуы. Сыæвллонæн бирæ цыдæртæ хъæуы».

Ныр 9 мæйы бæрц адæм æнхъæлмæ кæсынц, ног цæрæнуæттæ сæ бон балхæнын кæд суыдзæн, уымæ. Алагиры районы администрацийы куыд загътой, афтæмæй фæрæзтæ хъуамæ радих кæной Уæрæсейы паддзахады резервон фондæй. Уый тыххæй уынаффæ ныридæгæн республикæмæ æрвыст æрцыд.

Уæрæсейы Хицауады уынаффæмæ гæсгæ, зынгсирвæзты рæстæг хъыгдард чи баййæфта, уыдонæн радих кæндзысты дæсгай мин сомтæ куыд сæрмагонд æххуыс, сæдæгай минтæ сæ исбон кæй фесæфт, уый тыххæй, стæй сертификаттæ цæрæнуæттæ балхæнынæн. Фæлæ Мызуры цæрджытæ уыцы фæрæзтæ нæма райстой.

Фæрæзтæ республикон бюджетмæ кæд сæрвитдзысты, уый Алагиры районы администрацийы бæлвырд нæ зонынц.

Барахъты Артур, Алагиры районы администрацийы сæргълæууæг: «Уыдон хъуамæ ацы аз радтой. Æхцатæ, æз цы зонын, уымæ гæсгæ республикæмæ нæма ссыдысты. Куыддæр æрцæуой, афтæ иу уысм дæр нæ баззайдзысты, сæмбæлдзысты, кæмæн сæ радтой, уыдоныл».

Цæгат Ирыстоны финансты министрады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй фæрæзтæ ныридæгæн республикон бюджетмæ радих кодтой. Хицауады бацæттæ кодтой сæрмагонд уынаффæ. Фидаргонд куы æрцæуа, уый фæстæ æхца æрвыст æрцæудзысты Алагиры районы администрацимæ. Уым та сæ фæхæццæ кæндзысты адæммæ.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania