филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:43 вторник, 16 декабря 2025
26 ноября 2013, 17:10
Ам Гончаровы уынджы 1-æм Е хæдзары цæрджытæ ныр 3 къуырийы рады лæууынц, æмæ сæ пъадвалы цы дон æмбырд кæны, уый калынц

Сæ хъаст алы инстанцитæм хастой, фæлæ сын бæлвырд дзуапдæттæг разынд абон, не сфæлдыстадон къорд хъуыддаг равзарыны хæс йæхимæ куы райста, уæд.

Ам Гончаровы уынджы 1-æм Е хæдзары цæрджытæ ныр 3 къуырийы рады лæууынц, æмæ сæ пъадвалы цы дон æмбырд кæны, уый калынц. Сæ хъаст алы инстанцитæм хастой, фæлæ сын бæлвырд дзуапдæттæг разынд абон, не сфæлдыстадон къорд хъуыддаг равзарыны хæс йæхимæ куы райста, уæд.

Дзæуджыхъæуы Гончаровы уынджы 1-æм хæдзары цæрджытæ ацы нывтæ уыныц сæ фыны дæр. 3-аг къуыри сæ пъадвал донæй дзаг кæны.

Хъантемыраты Батраз, хæдзары цæрæг: «Хæдзæртты управленийы нæ хъæуæм, Горæты доны хæдзарады дæр нæ хъæуæм, никæйы уал хъæуæм. Донæй байдзаг нæ пъадвал æмæ кæлы, нæхи дон дæр нæу, кæлы иннæ хæдзæрттæй. Нæ пъадвал у йедзаг алы райсом дæр скусын кæнæм донцъирæн.

Ацы донцъирæн системæ цæрджытæ балхæдтой сæхи æхцайæ. Фæлæ ууыл сæ хæрдзтæ нæ фесты, системæ кусы электрон тыхæй, æмæ та уымæн дæр сæхи хъæудзæн фидын. Уыимæ ма сæ хæдзары къултæ дæр афаз сты.

Хъантемыраты Батраз, хæдзары цæрæг: «Æз мæхæдæг арæзтады кусæг уыдтæн æмæ хъуыддаг афтæ куы ацæуа, уæд ацы хæдзар бирæ нал бафæраздзæни, скъуыдтытæ кæнын райдыдта, уыдон фæтæн дæр кæнынц. Æмæ мах уый курæг стæм хицауадæй, цæмæй нæм гыццыл фæкæсой.

Адæм сæ хъаст иу æмæ дыууæ организацимæ нæ бахастой, фæлæ сын ныронг ничима баххуыс кодта. Хæдзары уавæр фенынмæ администрацийы куысджытæ сразы сты нæ телерадиокомпанийы курдиатмæ гæсгæ. Æмæ уæд цæрæн-коммуналон хайады хицауы хæдивæг цæрджытæн радзырдта, сæ пъадвалы дон цæй аххосæй æмбырд кæны, уый тыххæй.

Теместы Тамерлан, Дзæуджыхъæуы администрацийы цæрæн-коммуналон хæдзарады хайады хицауы хæдивæг: «Ацы хæдзары пъадвалмæдон æнхъизы латокæй, латокмæ та бахаудис доны труба уый æгæрон зæронд у. Æмæ уыцы хæтæл кæм фæхуынкъ, уый сбæрæг кæнæн нæ уыд. Иу ран хуынк фæцис иннæ ранней та йæхи равдыста æмæ фæндаджы бынты цæуы уыцы труба æмæ нæ бæлвырд йæ фæндаг ссарын хъуыдис, стæй райсын бар, уыцы фæндаг ракъахынмæ. Ахæм уавæрты сты. Чий æ араздзæн, уыдонæй пъланы ныффыстой».

Фарста лыггонд у, æви нæ, уый бæлвырд зæгъæн уыдзæн райсом. Сæрмагонд службæ зæрдæ бавæрдта, Гончаровы уынджы 1-æм хæдзары фарста пъланмæ хаст кæй æрцыд, æмæ дзы райсом кусын райдайдзысты.

Моргуаты Ладæ, Гюльнарæ Атемова

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania