филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:26 среда, 17 декабря 2025
31 января 2014, 11:08
Уыд республикæйы Парламенты 17-æм æмбырд. Амыдта йæ Алексей Мачнев

Депутаттæ сфидар кодтой республикæйы фæндæгтæ рæстæгмæ æхгæныны уагæвæрд бæрæггæнæг закъон. Æрдзырдтой ма фæндæгтыл цæуыны уагæвæрдмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл.

Уыд республикæйы Парламенты 17-æм æмбырд. Амыдта йæ Алексей Мачнев
Депутаттæ сфидар кодтой республикæйы фæндæгтæ рæстæгмæ æхгæныны уагæвæрд бæрæггæнæг закъон. Æрдзырдтой ма фæндæгтыл цæуыны уагæвæрдмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл. Ахæм курдиат Парламент ныффыста Уæрæсейы Хицауады сæрдармæ. Фæндæгтыл цы камерæтæ æвæрынц, уыдон хъуамæ æмбæхст ма уой. Уæд шофыртæ фæндагыл цæуыны æгъдæуттæ нæ халдзысты.

Æмбырды æркастысты скъоладзауты хæлцады фарстамæ дæр. Парламенты комитеты сæрдар Таболты Тамарæ æмæ Хицауады сæрдар Такъоты Сергей куыд бамбарын кодтой, афтæмæй ацы фарстайы къуылымпыдзинæдтæ ныртæккæ нæй, ис муниципалон хицаудзинады бæрны, фæлæ Хицауад самал кодта æхцайы фæрæзтæ æмæ æххуыс кæны, цæмæй скъоладзаутæн хæринаг уа.

«Республикæйы цæрджытæн лæвар юридикон æххуыс кæныны тыххæй» закъон куыд æххæстгонд цæуы, уый тыххæй радзырдта фæллойы æмæ социалон рæзты министр Тугъанаты Ларисæ. Куыд загъта, афтæмæй лæвар юридикон æххуыс райсыны бар нæ республикæйы ис 100 мин адæймагæн. Фарон юристтæ баххуыс кодтой 31,5 мин адæймагæн, ацы азы райдианæй нырмæ – 4,5 минæн. Лæвар æххуыс чи кæны, уыдоны номхыгъды ис 127 адвокаты.

Къесаты Станислав, РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг: «Тынг бирæ адæм ис, юристæн сæ бон бафидын кæмæн нæу, ахæмтæ. Цы закъон сфидар кодтам, уый хъæугæ закъон у. Хицауад йын æхца самал кодта, æмæ фарон 200 минæй фылдæр хардзгонд æрцыд. Кусы уыцы закъон, æмæ лæвар æххуыс кæй хъæуы, уыдонæн æй мах бакæндзыстæм».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania