филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:41 среда, 17 декабря 2025
03 февраля 2014, 11:12
Цæгат Ирыстоны цæрджытæй цалдæрæн лæвæрд æрцыд, Ленинграды блокадæ сисыны 70 азы кадæн нысантæ

Ленинград фашистты æрхъулайæ куы суæгъд кодтой, ууыл рацыд 70 азы. Уыцы боны кадæн Дзæуджыхъæуы уыд æмбырд. Æрхъуалайы рæстæг Ленинграды чи уыд æмæ горæт суæгъд

Цæгат Ирыстоны цæрджытæй цалдæрæн лæвæрд æрцыд, Ленинграды блокадæ сисыны 70 азы кадæн нысантæ
Ленинград фашистты æрхъулайæ куы суæгъд кодтой, ууыл рацыд 70 азы. Уыцы боны кадæн Дзæуджыхъæуы уыд æмбырд. Æрхъуалайы рæстæг Ленинграды чи уыд æмæ горæт суæгъд кæныныл чи архайдта, уыдонæн æмбырды арфæ ракодтой Санкт – Петербурджы губернатор Георгий Полтавченкойы æмæ Республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы номæй. Радтой сын риуылдаргæ нысантæ.

Уыцы фыдæвзарæн бонты 13 цæгатирыстойнаг адæймаджы цардысты, кæнæ архайдтой горæт суæгъд кæныны операцийы. Фæллойы æмæ социалон рæзты министр Тугъанты Ларисæ æмæ Къаболаты Солтан сæ схорзæхджын кодтой майдантæй.

Ленинград фашистты æрхъулайæ суæгъд кæныны 70 азы бонмæ риуылдаргæ нысантæ скодтой Санкт-Петербурджы æмæ дзы схорзæхджын кодтой Уæрæсейы алы регионты ветеранты. Ахæм хæрзиуджытæ ма Ирыстоны ратдзысты 21 адæймагæн.

Губернаторы хуындмæ гæсгæ цæгатирыстойнаг ветерантæ уыдысты Санкт-Петурбурджы. Æмæ æмбырды зæрдиагæй дзырдтой сæ мысинæгтæ, стæй горæт куыд аивта, уый тыххæй…

Се ппæт дæр тынг бузныг сты 900 боны уацарæн æвдисæн чи уыд, фашистты лæгсырд митæ йæхиуыл чи банкъардта, уазал æмæ стонг цы у, уый искæй ныхæстæй чи нæ зоны, уыцы адæмæй. Ленинграды æрхъулайы чи фæмард, уыдоны нымæц хæццæ кæны милуан æмæ æрдæгмæ. Сæ фылдæр амардысты æххормагæй. Чи зоны æмæ уыдаиккой ноджы фылдæр, Ладогæйы сæрты «царды фæндаг» куы нæ скодтаиккой, уæд. Ленинграды цæрджытæ историйы æнустæм баззайдзысты хъæбатыр æмæ фæразон адæмæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania