филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:14 среда, 17 декабря 2025
03 февраля 2014, 17:21
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджытæм фæзынд ног техникæ – квадроциклтæ

Пайда сæ кæндзысты, зын цæуæн кæм у, уыцы фæндæгтыл æмæ объекттæм цæугæйæ. Зилдзысты горæты уынгтыл дæр. Машинæтæ ифтонг сты æппæт кусæнгæрзтæй фыццаг медицинон æххуыс бакæнынæн. Ис дзы зынгхуыссынгæнæн кусæнгæрзтæ дæр.

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджытæм фæзынд ног техникæ – квадроциклтæ.

Пайда сæ кæндзысты, зын цæуæн кæм у, уыцы фæндæгтыл æмæ объекттæм цæугæйæ. Зилдзысты горæты уынгтыл дæр. Машинæтæ ифтонг сты æппæт кусæнгæрзтæй фыццаг медицинон æххуыс бакæнынæн. Ис дзы зынгхуыссынгæнæн кусæнгæрзтæ дæр.

Ирвæзынгæнджыты ныхæстæм гæсгæ, ног техникæ тынг æххуыс у, бахъуаджы сахат бынатмæ афоныл фæхæццæ уæвынæн æмæ сæвзæрд æнæнхъæлæджы уавæр аиуварс кæнынæн. Уæлдайдæр та æрдзон уавæрты, фæндæгтæ кæм нæй, ахæм рæтты.

Машинæтæ арæзт æрцыдысты сæрмагонд заказмæ гæсгæ, бæлвырдæй Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæн. Ныртæккæ Уæрæсейы алы регионты ис 10 квадроциклы. Уымæй уæлдай ма министрады хайæдтæн радтой уæззау машинæтæ, се хсæн, æппæтæй зынаргъдæрыл нымад чи сты – ахæм «Урал»-тæ. Ифтонг сты гидравликон кусæнгæрзтæй, сæ бон у артагуадзæн æмæ рухсдæттæг станцæты куыст кæнын.

Цæмæй æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæн сæ бон уа техникæйыл кусын, уый тыххæй сын арæзт цæудзысты ахуыртæ. Аттестацийы фæстæ сын бар уыдзæн ног машинæтыл кусын. Лæвæрд сын цæудзæн æмбæлгæ уæлæдарæс дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania