филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:08 среда, 17 декабря 2025
04 февраля 2014, 11:19
Дзæуджыхъæуы куыйты хъомылгæнæндон кусы ныр 13 азы онг

Куыйтæ чи уарзы, ахæм адæймæгтæ республикæйы бирæ сты. Уынгты сæ семæ арæх фенæн вæййы. Фæлæ йæ цыппаркъахыг æмбылы зæрдæхудты чи бацæуы æмæ дзы хи аирхæфсгæйæ,

Дзæуджыхъæуы куыйты хъомылгæнæндон кусы ныр 13 азы онг
Куыйтæ чи уарзы, ахæм адæймæгтæ республикæйы бирæ сты. Уынгты сæ семæ арæх фенæн вæййы. Фæлæ йæ цыппаркъахыг æмбылы зæрдæхудты чи бацæуы æмæ дзы хи аирхæфсгæйæ, приютмæ чи ратты, хъыгагæн, ахæм адæм дæр стæм не сты.

Дзæуджыхъæуы уынгты кæй ссардтой, ахæм куыйтæ горæты хъомылгæнæндоны ныртæккæ ис 200. Хорз сæм зилынц, фæлæ сæ алчидæр хорз адæймаджы къухтæм куы бахауид, уый у приюты кусджыты бæллиц.

Дзæуджыхъæуы куыйты хъомылгæнæн приют кусы ныр 13 бæрц. Йæ хицау куыд зæгъы, афтæмæй дзы лымæнæй цæрынц алыхуызон къуыйтæ æмæ къæбылатæ. Æмæ ма бафтауынц: «Суанг ма кæрæдзийæн æххуыс дæр кæнынц». Зæгъæм, ацы хъæлдзæг къæбыла «Черный» приюты ис 2 мæйы. Æрзылд ыл, фæцахуыр, фæлымæн приюты кусджытимæ…

Куыйты хъомылгæнæндоны хицау Томайты Ибрагимы ныхæстæм гæсгæ, Дзæуджыхъæуы приютæн æмбал нæй. Сæ фæлтæрддзинадимæ базонгæ кæнынæн сæм суанг сыхаг республикæтæй дæр ссæуынц.

Ныртæккæ куыдздон ницы хъуаг у. Дзæуджыхъæуы муниципалон исбон цалцæг кæныны программæмæ гæсгæ йæ горæты администрацийы æххуысæй æрæджы сцалцæг кодтой, базылдысты йæм. Фæзындысты сæм ног вольертæ æмæ куыйтæн бынæттæ. Æппæт куыстытæ сыстадысты 900 000 сомы бæрц.

«Ныр къæбылатæн цыфæнды зымæг дæр тас нæу» – зæгъынц специалисттæ. Сæйрагдæр уый у, æмæ сын кæй уыдзæн хъарм, уæдæ æххормаг дæр нæ уыдзысты.

Ныртæккæ приюты ис 100 куыдзы бæрц. Æхсызгон уый у, æмæ сæ горæты æмæ республикæйы цæрджытæ кæй райсынц. Æрмæст ацы къуыри 20 къæбылайы ссардтой сæ ног хæдзæрттæ.

Куыйты æнæниздзинадмæ æмæ санитарон уавæрмæ цæст дарынц Дзæуджыхъæуы ветеринарон станцæйы кусджытæ. Алкæмæн дæр дзы, æнæмæнг, скæнынц прививкæтæ.

Михаил Зеленюк, ветеринарон дохтыр: «Æппæты разæй сæ ссыгъдæг кæнæм. Кæлмытæ сæм куыд нæ уа, ахæм хостæ сын раттæм. Уый фæстæ та сын скæнæм æрранизы ныхмæ прививкæтæ.

Уый у æнæмæнг домæн. Арæхдæр нæм æрбахауынц 2 мæйæ фылдæр кæуыл цæуы, ахæм къæбылатæ. Ахæм уазал рæстæг сын зын у, бирæтæ дзы нæ фæразынц уазæлттæн. Ам та сын аразæм æмбæлгæ уæвæртæ, базилæм сыл. Уæдæ кæм вæййынц, уыцы бæстыхæйттæ дæр сыгъдæг æмæ санитарон домæнтæм гæсгæ дарæм. Куыйтæ нæм æрбахæссынц, дæвар, ам кæй сты, уый тыххæй дæр ничи ницы фиды. Чи сæ ахæссы, уыдонæн дæр сæ раттæм лæвар. Æрмæстдæр сæм хорз цæстæй кæсæнт».

Куыйты хъомылгæнæндоны бынат ис 200 куыдзæн. Хъыгагæн, бирæ адæм афтæ сты æмæ сæм цымыдисаг вæййы куыдз балхæнын, хæдзары сæм рæсугъд къæбыла куыд уа, уый. Фæлæ йæм зилын хъæуы, уый сæ ферох вæййы. Семæ хъазынæй куы бафсæдынц, уæд та сæ уынгмæ аппарынц. Афтæмæй та цыфæнды къæбыла дæр адæймагæн у хорз æмбал дæр, хорз хæдзары хъахъхъæнæг дæр, ис хорз цуанон куыдзтæ дæр…

Зыхъуатæ Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania