филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:57 среда, 17 декабря 2025
05 февраля 2014, 11:16
Цæгат Ирыстоны скъолаты æдасдзинадыл кусынц хахъхъæнæн организацитæ æмæ видеоцæстдарды системæтæ

Скъоладзауты æдасдзинадæн дзуапп чи дæтты? Уыцы фарста фæзынд, мæскуыйаг скъолатæй иуы æвирхъау цау куы ‘рцыд, уæд. Хистæр къласы ахуырдзау бабырста скъоламæ, æмæ фехста

Цæгат Ирыстоны скъолаты æдасдзинадыл кусынц хахъхъæнæн организацитæ æмæ видеоцæстдарды системæтæ
Скъоладзауты æдасдзинадæн дзуапп чи дæтты? Уыцы фарста фæзынд, мæскуыйаг скъолатæй иуы æвирхъау цау куы ‘рцыд, уæд. Хистæр къласы ахуырдзау бабырста скъоламæ, æмæ фехста хъахъхъæнæджы, ахуыргæнæджы æмæ пъæлицæйаджы. Ахæм фыдбылызы фæстæ бирæ ныййарджытæ сæ сывæллæтты скъоламæ уадзын нал уæндынц. Цæгат Ирыстоны скъолаты æдасдзинадæн дзуапп дæттынц хи чысыл хъахъхъæнæн организациты кусджытæ æмæ сæрмагонд автоматизацигонд видеоцæстдарды системæтæ.

Скъолайы æдасдзинадæн дзуапп дæтты хъахъхъæнæн организацийы кусæг æмæ, бацæуæны чи фæбады, уыцы вахтер. Ардæм æцæгæлон адæймаджы ничи æрбауадздзæн. Æмгъуыдæй раздæр ахуырдзаутæн сæхицæн дæр бæстыхайæ рацæуыны бар нæй.

Дзæуджыхъæуы цыппор цыппæрæм скъолайы ахуырдзаутæ куыд зæгъынц, афтæмæй се скъолайы хъахъхъæнджытæ сæ хæстæм бæрнон цæстæй кæсынц.

Бибылты Анатолий: «Æз дæр æй федтон. Ныййарджытæ куы æрбацæуынц, уæд сын сæ паспортмæ æркæсынц, сæ хызынтæ сын басгарынц».

Дзæуджыхъæуы ахуыргæнæндæттæн сæ фылдæры рад хæссынц хи хъахъхъæнæн куыстуæттæ. Фæзынди сæм фæлтæрддзинад, кæд æмæ скъолатæ иннæ объекттæй зынгæ хицæн кæнынц, уæддæр.

Цæлыккаты Альберт: «Тынг зын уыд Мæскуыйы цы цау æрцыд уый. Фæлæ махæн нæ хъахъхъæнджытæ сты къæрцхъус».

Сывæллæтты æдасдзинадыл, фыццаджыдæр, тыхсынц ныййарджытæ сæхæдæг. Уæлдайдæр та, Мæскуыйы скъолатæй иуы цы æвирхъау цаутæ æрцыд, уый фæстæ. Цыппор цыппæрæм скъолайы разамынд хъахъхъæнæн куыстуатыл йæ зæрдæ дары. Æууæнды сыл, уымæн æмæ сæ хæстæм бæрнон цæстæй кæй кæсынц, уый бæрæг у. Уымæй дарддæр бæстыхайы æвæрд æрцыдысты видеокамерæтæ, регистратортæ, зынгсирвæзтыты ныхмæ сигнализаци æмæ æдасдзинады æндæр кусæнгæрзтæ.

Горæты ахуырады управленийы куыд зæгъынц, афтæмæй фæкарздæр кодтой бæстыхаймæ уадзæн фæтк. Рад фæхæссынц ахуыргæнджытæ дæр, хъахъхъæнджытæ æмæ вахтертæ дæр. Территоримæ нæ бацæудзæн, сæ хыгъды чи нæй, уыцы транспорт дæр. Ахуырады управленийы разамонæг Тменаты Алексей куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ кæронмæ фæхæццæ кæны, видеоцстдарды системæ рæвдауæндæтты сæвæрыны хъуыддаг. Æппæт скъолаты ныридæгæн сты. Æдасдзинады фарстатæм бæстон кæсы Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергей. Автотранспорты сæрмагонд лæууæн бынæтты фарстамæ дæр стыр æргом здæхт цæуы. Йæ алыг кæныныл иумæйагæй кусынц Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы минæвæрттимæ.

Моргуаты Ладæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania