филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:51 среда, 17 декабря 2025
05 февраля 2014, 17:29
Парти «Иугонд Уæрæсе» йæ цæст дардзæн цæрæн-коммуналон лæггæдты хæрзхъæддзинадмæ, стæй ацы къабазы специалистты цæттæдзинадмæ

Уый тыххæй абон фехъусын кодтой партион советы президиумы æмбырды. Фыццаг хатт арæзт æрцыд интернет -видеоконференцийы хуызы. Уымæ гæсгæ æмбырды архайдтой партийы цалдæр регионалон хайады.

Парти «Иугонд Уæрæсе» йæ цæст дардзæн цæрæн-коммуналон лæггæдты хæрзхъæддзинадмæ, стæй ацы къабазы специалистты цæттæдзинадмæ.

Уый тыххæй абон фехъусын кодтой партион советы президиумы æмбырды. Фыццаг хатт арæзт æрцыд интернет -видеоконференцийы хуызы. Уымæ гæсгæ æмбырды архайдтой партийы цалдæр регионалон хайады. Сæйраг темæ уыд – цæрæн-коммуналон хæдзарады разамынддæттæг компанитæн лицензитæ дæттыны хъуыддаг. «Иугонд Уæрæсейы» генералон советы секретарь Сергей Неверов куыд загъта, афтæмæй лицензион домæнтæ æвæры Уæрæсейы хицауад, æмæ æмхуызон уыдзысты се ппæтæн дæр. Партийы уæнгтæ рахæцыдысты уыцы хъуыдыйы фарс. Лицензитæ дæттын райдайдзысты фыццæгæм сентябры. Дыууæ мины фынддæсæм азы фыццæгæм майæ фæстæмæ та цæрæн-коммуналон лæггæдтæ æнæ лицензитæй дæттæн уæвгæ дæр нал уыдзæн. Арæзтады æмæ цæрæн-коммуналон хæдзарады федералон министр Михаил Мень куыд загъта, афтæмæй, уый тыххæй закъоныпроектмæ æмбæлгæ ивддзинæдтæ бахæссынмæ сты цæттæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania