филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:33 вторник, 16 декабря 2025
05 февраля 2014, 17:31
Экологтæ æмæ æхсæнадон кусджытæ сты завод «Электроцинчы» санитарон-хъахъхъæнæн фæзуат фæкъаддæр кæныны ныхмæ

Уый тыххæй фехъусын кодтой абон, æрдзхъахъхъæныны æхсæнады цы æмбырд уыди, уым.

Архайдтой дзы парламенты уæнгтæ, республикæйы фæлхасадмæ цæстдарды минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ.

Экологтæ æмæ æхсæнадон кусджытæ сты завод «Электроцинчы» санитарон-хъахъхъæнæн фæзуат фæкъаддæр кæныны ныхмæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой абон, æрдзхъахъхъæныны æхсæнады цы æмбырд уыди, уым.

Архайдтой дзы парламенты уæнгтæ, республикæйы фæлхасадмæ цæстдарды минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ. Æмбырд амыдта æрдзхъахъхъæнынады æппæтуæрæсейон æхсæнадон змæлды цæгатирыстойнаг хайады сæрдар Битарты Вячеслав. Йæ доклады профессор, республикæйы æхсæнадон палатæйы сæрдары хæдивæг Æлборты Иван куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй заводы разамынды курдиат – санитарон-хъахъхъæнæн фæзуат 1 километрæй 300 метры онг фæкъаддæр кæныны тыххæй, раст нæу. Фыццаджы уал куыстуат хъуамæ санитарон домæнтæ сæххæст кæна, ныронг сæ бæрны цы фазуат уыд, уым. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ та «Электроцинк» кæд къаддæр буаргъæддтæ æппары уæлдæфмæ, уæддæр сты адæймаджы æнæниздзинадæн зианхæссæг.

Æлборты Иван; профессор, техникон наукæты доктор, республикæйы экологон къамисы сæрдар: «Сæ фæзуат цæмæй фæкъаддæр уа, уымæн бирæ хынцæгтæ хъæуы. Уыдон хъуамæ бындур æвæрой æмæ зæгъой, амæй фæстæмæ ацы фæзуаты цы буаргъæдтæ æмбырд кæнынц, уыдон адæмы æнæниздзинадæн зиан нæ хæссынц. Уымæ гæсгæ дызæрдыг кæнæм æмæ фидарæй дзурæм, цалынмæ уыцы хъуыддаг лыггонд æрцæуа, уæдмæ уыцы фарстайæн æвæрæн нæй Федералон уæнгты раз».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania