филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:39 понедельник, 15 декабря 2025
07 февраля 2014, 11:30
Абон кадджын уавæры Сочийы байгом уыдзысты зымæгон олимпаг хъæзтытæ

Дыууæ къуырийы дунейы хуыздæр спортсментæ спорты 15 хуызы тох кæндзысты 98 хæрзиуæджы комплекты рамбулыныл. Уыдон сты 2010-æм азы Ванкуверы кæй рамбылдтой, уыдонæй фылдæр.

Абон кадджын уавæры Сочийы байгом уыдзысты зымæгон олимпаг хъæзтытæ
Дыууæ къуырийы дунейы хуыздæр спортсментæ спорты 15 хуызы тох кæндзысты 98 хæрзиуæджы комплекты рамбулыныл. Уыдон сты 2010-æм азы Ванкуверы кæй рамбылдтой, уыдонæй фылдæр. Историйы фыццаг хатт ацæудзысты командæты ерыстæ дзоныгътыл æмæ къахдзоныгътыл аив бырынæй. Номхыгъды сты æмхæццæ эстафетæйы ерыстæ биатлонæй, фристайлæй командæты æмæ æндæр спорты хуызтæй ерыстæ. Ирыстойнаг спортсментæ майдантыл нæ тох кæндзысты. Уыйхыгъд Сочимæ нæ республикæйæ ацæудзæн стыр делегаци. Ирыстонæн радих кодтой 200 билетæй фылдæр, уый бæрц билеттæ ма регион балхæдта йæхи хардзæй дæр. Ирыстойнаг спортуарзджытæй Олимпиадæмæ ацæудзысты ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ культурæйы хуыздæр кусджытæ стæй спорты зымæгон хуызтæй сывæллæтты скъолайы 35 хуыздæр хъомылгæнинаджы. Уæ зæрдыл ма уын иу хатт æрлæууын кæндзыстæм, Сочийы Олимпаг хъæзтытæ куыд байгом кæндзысты, уый комкоммæ эфиры æвдисдзысты 20 сахаты æмæ 14 минутыл фыццæгæм каналы æмæ канал «Уæрæсе1»-ы.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania