10 февраля 2014, 11:17
ВТБ банчы Дзæуджыхъæуккаг хайады разамонæгæй нысангонд æрцыд Вероника Кирилкина
Каст фæцис Хæххон аграрон университет. Уæлæмхасæн ахуырад райста Америкæйы Иугонд Штаты Стенфорды университеты. Йæ зонындзинæдтæ фылдæр кодта Англисы. Фæстаг афæдз æмæ
Каст фæцис Хæххон аграрон университет. Уæлæмхасæн ахуырад райста Америкæйы Иугонд Штаты Стенфорды университеты. Йæ зонындзинæдтæ фылдæр кодта Англисы. Фæстаг афæдз æмæ æрдæг æххæст кодта Цæгат Ирыстоны ВТБ-йы офисы разамонæджы хæстæ. Фембæлды загъд уыд, банк дарддæр дæр кæй кусдзæн нæ республикæйы бизнес æмæ адæмон хæдзарады рæзтыл. Уимæ ма республикæйы разамынд кусы ног бизнес-проектыл, æмæ йæ экспертон къамис хорзыл куы банымайа, уæд æй бадæтдзысты кредитон хайадмæ. Уыимæ ма ВТБ-йы разамындæн радтой «Регионы райрæзты банчы» уæлæмхасæн офистæ байгом кæныны бар.
темæмæ гæсгæ




