10 февраля 2014, 11:44
Дзæуджыхъæуы 44-æм скъолайы уыд ахуырдзауты зарæггæнджыты къордты ерысты 2-аг тур
Фыццаджы архайдтой 38 къорды, æмæ дзы 2-аг къæпхæнмæ рацыдысты 29-æй. Ерыстæм бацæттæ кодтой фæйнæ дыууæ зарæджы ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг æвзæгтыл.
Фыццаджы архайдтой 38 къорды, æмæ дзы 2-аг къæпхæнмæ рацыдысты 29-æй. Ерыстæм бацæттæ кодтой фæйнæ дыууæ зарæджы ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг æвзæгтыл. Аргъ та сын кодтой республикæйы зындгонд артисттæ, зарæггæнджыты къордты разамонджытæ, сгуыхт ахуыргæнджытæ. Æрвылазон ерыстæ райдыдтой ивгъуыд æнусы 70-æм азты кæрон æмæ сывæллæтты аивадон хъомыладæн ахсджиаг сты абон дæр. Æрмæст сæм хаст æрцыд ивдзинæдтæ. Ныр сывæллæттæн фылдæр бартæ ис.
Мамыхъаты Людмилæ, жюрийы уæнг, РЦИ-Аланийы ахуырады сгуыхт кусæг, Уæрæсейы музыкалон æхсæнады сгуыхт кусæг: «Тынг цымыдисæй æнхъæлмæ кæсæм нæ сывæллæтты равдыстмæ, уыдон сты горæты скъолаты сывæллæттæ. Æмæ мæм афтæ кæсæ, цыма сæ къордты тынг рæсугъдæй равдисдзысты».
темæмæ гæсгæ




