Сарæзта йæ республикæйы фæллойы æмæ социалон рæзты министрад. Æрбахуыдтой йæм, йæ паддзахадон хæс æххæст кæнгæйæ чи фæмард, уыдоны бинонты.
Республикæйы Сæргълæууæджы номæй сын раарфæ кодта Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий. Куыд бафиппайдта, афтæмæй нæ алкæйы хæс дæр у, чи фæмард, уыдоны хъæбатырдзинад нæ рох кæнын æмæ сæ аккаг уæвын. Кадджын изæры раныхас кодтой мидхъуыддæгты министры хæдивæг Рæмонаты Эльбрус æмæ ветеранты Советы сæрдары хæдивæг Петр Сазыкин. Æмбырды уæвджытæ лæугæйæ æрымысыдысты Ирыстоны æдзард хъæбулты, йæ райгуырæн зæххыл сабырдзинад бахъахъхъæнынæн йæ цард чи нæ бавгъау кодта, уыдоны. Æрмæст 1992-æм азæй абонмæ мидхъуыддæгты министрады кусджытæй фæмард 107 адæймаджы. Куыд æрвылаз, афтæ ныр дæр сæ кæстæртæн республикæйы Сæргълæууæджы номæй лæвæрд æрцыд материалон æххуыс, бинонтæ та райстой зынаргъ лæвæрттæ. Сарæзтой сын концерт дæр.




