24 февраля 2014, 11:14
Цæгат Ирыстоны æхсæнадон палатæйы ныхас цыд профессор Бзарты Руслан 5-æм къласы ахуырдзаутæн цы историйы чиныг сарæзта, ууыл
Уæрæсейы æхсæнадон палатæйы уæнг Фатима Албаковайы хъуыдымæ гæсгæ ацы чиныгæй скъоладзаутæн пайдагæнæн нæй, ис дзы, экстремизммæ чи сиды, ахæм ныхæстæ æмæ йæ балæвæрдта прокурæтурæмæ.
Уæрæсейы æхсæнадон палатæйы уæнг Фатима Албаковайы хъуыдымæ гæсгæ ацы чиныгæй скъоладзаутæн пайдагæнæн нæй, ис дзы, экстремизммæ чи сиды, ахæм ныхæстæ æмæ йæ балæвæрдта прокурæтурæмæ. Æмбырды куыд загътой, афтæмæй ныртæккæ ацы фарстайыл кусы лингвистикон экспертизæ. Профессор Бзарты Руслан йæхæдæг куыд бафиппайдта, афтæмæй йыл прокурæтурæмæ фыццаг хатт нæ бахъаст кодтой, фæлæ дзы иу хатт дæр ницы аипп ссардтой. Æхсæнадон палата зæгъдзæн йæ хъуыды ацы фарстайы тыххæй æмæ йæ арвитдзысты, кæдæм æмбæлы, уыцы рæттæм.
Æмбырды ма æрдзырдтой æндæр фарстатыл дæр. снысан кодтой афæдзы куысты пълан, стæй равзæрстой Уæрæсейы æхсæнадон палатæмæ цæгатирыстойнаг минæвары. Ныр нæ республикæйы бартæ федералон æмвæзадыл хъахъхъæндзæн экономист Кучиты Зауыр.
темæмæ гæсгæ




