Семæ управленийы кусджытæн рауад æхсызгон æмæ цымыдисаг ныхас. Цæгат Ирыстоны финансон-бюджетон цæстдарды федералон службæйы уазæгуаты уыдысты Фыдыбæстæйы Стыр
Лекты Мурат, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран: «Мæнæн абон стыр бæрæгбон у. Уый тыххæй æмæ ахæм коллективыл сæмбæлдтæн, ахæм рæсугъд ныхæстæ фæкодтой. Æз службæ фæкодтон, бирæ цыдæртæ зонын. Лæмбынæгæй мæм фæхъуыстой 2 сахаты. Нæ адæм бирæ уарзынц фронтовикты».
Ирыстоны æфсæддонтæ стыр хъæбатырдзинад равдыстой Афганистаны хæсты дæр. Калоты Георгий æмæ Фидараты Эльбрус цы цаутыл дзырдтой, уыдонмæ хъусгæйæ, адæймаг æцæгæй аргъ кæнын райдайы сабырдзинадæн, цардæн, æмбæлтты ахастдзинæдтæн, райгуырæн зæххæн. Ирыстоны алы фæлтæрмæ дæр ис, сæрыстыр уæвын кæмæй хъæуы, ахæм минæвæрттæ.
Калоты Георгий, Афганистаны хæсты архайæг, иугонд «Боевое братство»-йы сæргълæууæг: «Ирыстон кæддæриддæр уыд æгъдауджын, кадджын. Ирыстоны æппæтæй фылдæр ис хъæбатыртæ, Плиты Иссæйæ райдай æмæ иннæтæ. Кæстæртæн та зæгъдзынæн афтæ æмæ сæ хистæрты куыд нымайой, æргомæй сæм куыд кæсой».
Хæст чи федта, хæцæнгарзимæ сабырдзинадыл чи тох кодта, йæ райгуырæн бæстæ чи хъахъхъæдта, уыдон цардмæ æндæр цæстæй кæсынц. Æмæ ахæм хъæбатыр адæммæ байхъусын, семæ аныхас кæнын кæддæриддæр алкæмæн вæййы æхсызгон æмæ цымыдисаг. Ахæм рауад фембæлд Цæгат Ирыстоны финансон-бюджетон цæстдарды федералон службæйы дæр.
Фæрниаты Мæдинæ




