24 февраля 2014, 11:35
Советон æфсæдтæ Афганистанæй ракæныны 25 азы кадæн Горæтгæрон районы арæзт æрцыд стыр бæрæгбон
Культурæйы Галуанмæ æрбахуыдтой Афгайнæгты, сæ ныййарджыты, Кадетты корпусы хъомылгæнинæгты æмæ скъоладзауты. Фыццаг залмæ Уæрæсейы гимны зæлтæм хъусгæйæ æрбахастой
Культурæйы Галуанмæ æрбахуыдтой Афгайнæгты, сæ ныййарджыты, Кадетты корпусы хъомылгæнинæгты æмæ скъоладзауты. Фыццаг залмæ Уæрæсейы гимны зæлтæм хъусгæйæ æрбахастой уæрæсейаг тырыса. Фæстæдæр, ныхасы бар радтой хæстонтæн. Се сгуыхтдзинæдты тыххæй дзурын æфсæрмы кодтой, фæлæ сын æвдисæн уыдысты сæ хæрзиуджытæ. Уæвгæ сæ иу дæр майдантæ æмæ орденты тыххæй нæ хæцыди. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй сын ахсджиаг уыди Советон салдаты кад бахъахъхъæнын. Ацы бæрæгбон сын у хъæлдзæг, æмæ уыцы иу рæстæг æнкъард. Се мхæстонтæй бирæтæ нал сыздæхтысты сæ райгуырæн зæхмæ. Иу минут æдзæмæй алæугæйæ сын æрымысыдысты сæ ном.
Горæтгæрон районæй Афганистаны хæстмæ ацыдысты 150 лæппуыйы. Се сгуыхтдзинæдты тыххæй дзы бирæтæ хорзæхгонд æрцыдсты стыр хæрзиуджытæй. Тедеты Лев æмæ Булкъаты Хъазыбег сæ амæлæты фæстæ.
Афгайнæгтæй алкæуылдæр хæст йæ фæд ныууагъта. Советон салдатæн Афганистан у тугкалæн хæст, хуры къæй æмæ афтид быдыртæ, нæмгуыты хъæр æмæ æгъатырдзинад. Уымæ гæсгæ нæ алкæйы хæс дæр у, уыцы хъæбатыртæн кад кæнын, æмæ сын се сгуыхтдзинæдтæ ма рох кæнын.
темæмæ гæсгæ




