филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:23 вторник, 16 декабря 2025
24 февраля 2014, 17:22
Цавæр мадзæлттæ саразын хъæуы, цæмæй рæзгæ фæлтæр царды сæ фæндаг ссарой, ууыл ныхас цыд, республикон сывæллæтты сфæлдыстады галуаны цы тымбыл стъол арæзт æрцыд, уым

Йæ архайджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй фæстаг азты инклюзивон ахуырад кæны парахатдæр. Фæлæ уыимæ рабæрæг вæййынц ахуыргæнджытæ сæ куысты цы къуылымпыдзинæдтимæ æмбæлынц, уыдон. Æмæ сæм, æнæмæнг, хъус дарын хъæуы.

Цавæр мадзæлттæ саразын хъæуы, цæмæй рæзгæ фæлтæр царды сæ фæндаг ссарой, ууыл ныхас цыд, республикон сывæллæтты сфæлдыстады галуаны цы тымбыл стъол арæзт æрцыд, уым
Цавæр мадзæлттæ саразын хъæуы, цæмæй рæзгæ фæлтæр царды сæ фæндаг ссарой, ууыл ныхас цыд, республикон сывæллæтты сфæлдыстады галуаны цы тымбыл стъол арæзт æрцыд, уым.

Йæ архайджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй фæстаг азты инклюзивон ахуырад кæны парахатдæр. Фæлæ уыимæ рабæрæг вæййынц ахуыргæнджытæ сæ куысты цы къуылымпыдзинæдтимæ æмбæлынц, уыдон. Æмæ сæм, æнæмæнг, хъус дарын хъæуы.

Республикæйы æмæ районты сфæлдыстадон галуанты ис, аивадон къордтæм чи цæуы, ахæм сывæллæттæ. Фæлæ сæм бæрнон кусджыты рдыгæй хъæуы бæстондæр цæстдард æмæ былвырд æххуыс. «министрадтæ æмæ ведомствæтæ хъуамæ зоной алы сывæллоны дæр æмæ йын æххуыс кæной» – загътой уæлæмхасæн ахуырады специалисттæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania