Дыууæ курдиатджын актеры райгуырдысты Советон Цæдисы алы рæтты, фæлæ сæ хъысмæт баиу кодта Смоленскы театры. Æмæ ныр 50 азы кад æмæ радимæ хæссынц бинонты фарн. Фембæлды рæстæг Вячеслав Вершинин æмæ Александра Турик радзырдтой сæ цардвæндаджы тыххæй, куыд базонгæ сты
Дыууæ курдиатджын актеры райгуырдысты Советон Цæдисы алы рæтты, фæлæ сæ хъысмæт баиу кодта Смоленскы театры. Æмæ ныр 50 азы кад æмæ радимæ хæссынц бинонты фарн. Фембæлды рæстæг Вячеслав Вершинин æмæ Александра Турик радзырдтой сæ цардвæндаджы тыххæй, куыд базонгæ сты æмæ Дзæуджыхъæуы куыд æрцардысты уыдæтты тыххæй. Алчидæр сæ уырыссаг драмон театры сценæйы ахъазыд 200 ролы. Сфæлдыстадон бинонтимæ фембæлды æвдыст æрцыд спектакль «Немного нежности»-йæ скъуыддзаг. Александра Турик дисы бафтыдта йæ армдæсныйæ. Фембæлдмæ æрбацæуджытæн равдыста сæрак æмæ къуымбилæй арæзт дзаумæттæ. Поэтессæ Гуырдзыбекты Иринæ та дыууæ æмкъайы номыл ныффыста æмдзæвгæ




